филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:30 суббота, 21 сентября 2024
20 ноября 2012, 11:58
Горæтгæрон районы цы сæнæфсир ис, уый ацы аз радта дыууæ тыллæджы

Æрдзы цы нæ диссаг æрцæуы? Горæтгæрон районы Ирыхъæуы цæрæг Мæргъиты Дианозы кæрты цы сæнæфсир ис, уый ацы аз радта дыууæ тыллæджы, фыццаг систа сентябры, ууыл 2 мæйы дæр нæ рацыд, афтæ та йæ къалиутыл фæзындысты ног пуцæлттæ.

Æрдзы цы нæ диссаг æрцæуы? Горæтгæрон
районы Ирыхъæуы цæрæг Мæргъиты Дианозы кæрты цы сæнæфсир ис, уый ацы аз
радта дыууæ тыллæджы, фыццаг систа сентябры, ууыл 2

мæйы дæр нæ рацыд, афтæ та йæ къалиутыл фæзындысты ног пуцæлттæ.

Мæргъиты бибонтæ Ирыхъæуы æрцардысты 20
азы размæ, сты Ленингорæй ралидзæг. Уым сæм уыд стыр сæнæфсир дон,
фæндыд сæ ам дæр зæххы куыст кæнын, фæлæ иуæй сæ авналæнтæ цыбыр сты,
иннæмæй ацæргæ адæмæн зын уыдаид стыр дыргъдонмæ зилын. Дианоз æмæ йæ
цардæмбал Феняйыл цæуы 80 азæй чысыл фылдæр. Фæлæ уæддæр нæ фæзивæг
кодтой æмæ сæ хæдзары цур ныссагътой сæнæфсиры къудзитæ. Уыдон кæд бирæ
не сты, уæддæр бинонты фаг кæнынц, сыхæгтæн дæр дзы авæрынц. Хæдзары
хицау куыд загъта, афтæмæй ацы сæнæфсиры мыггаг хъуамæ афæдз дыууæ
тыллæджы дæтта, фæлæ Цæгат Ирыстоны æрдзон уавæртæ Хуссар Ирыстонæй кæй
хицæн кæнынц, уымæ гæсгæ дзы 20 азмæ дыууæ тыллæджы фыццаг хатт систа.
Сæнæфсирты дыккаг тыллæг кæд чысыл туагдæр у, уæддæр зæрдæйыл æмбæлы.

Мæргъиты Дианоз: «21-æм æз ам цæрын. Уым
дæр афтæ куыстон. Фæткъуы дæр алы дыргъы куыст кодтон. Æмæ ам дæр куы
æрцыдтæн уæдæй нырмæ ацы куыст кæнын. / ныр дыккаг хатт радта тыллæг. Иу
дзы æртыдтам сентябры кæрон æмæ та ныр дæр æртыдтам дыккаг тыллæг».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania