филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:36 суббота, 21 сентября 2024
20 ноября 2012, 15:15
Цæгат Ирыстоны Парламенты сæрдарæй абон нысангонд æрцыд Алексей Мачнев

Йæ кандидатурæ йын балæвæрдта парти «Иугонд Уæрæсе» æмæ йыл схъæлæс кодта 50 депутаты.

16-æй та схъæлæс кодтой Уæрæсейы хъæбатыр Виктор Величкойыл.

Йæ кандидатурæ йын балæвæрдта парти «Иугонд Уæрæсе» æмæ йыл схъæлæс кодта 50 депутаты.

16-æй та схъæлæс кодтой Уæрæсейы
хъæбатыр

Виктор Величкойыл. Йæ кандидатурæ йын балæвæрдтой парти «Уæрæсейы
патриотты» минæвæрттæ. Республикæйы сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз арфæ
ракодта ног спикерæн æмæ загъта, йæ фæлтæрддзинад æмæ зонындзинæдтæ йын
йæ хæстæ æххæст кæныны хъуыддаджы ахъаз кæй уыдзысты, уый тыххæй.
Алексей Мачнев куыд радзырдта, афтæмæй архайдзæн «Иугонд Уæрæсейы»,
«Уæрæсейы патриотты», «Коммунистон партийы» æмæ «Рæстад Уæрæсейы» `хсæн
æмгуыстад фæхъомысджындæр кæныныл. Уымæй размæ Алексей Мачнев уыд сæйраг
федералон инспектор.

Дзебысаты Майрæм, РЦИ-Аланийы Парламенты
депутат: «Æрмæст мæнмæ нæ, фæлæ сеппæт депутаттæм дæр кæсы хорз. Уымæн
æмæ Мачнев фæкуыста бирæ бæрнон бынæтты. Куыст зоны хорз, зоны Ирыстоны
цы хабæрттæ цæуы, цытæ дзы скæнын хъæуы, цы хъæндзинæдтæ дзы ис. Тынг
хорз у депутаттæн сæ фылдæр кæй схъæлæс кодтой Александр Мачневыл».

Хæдарцаты Махарбег, УФ-йы Паддзахадон
Думæйы депутат: » Мах дæр Думæйы депутаттæ Алексеимæ кусдзыстæм.
Кæрæдзийы æмбардзыстæм æмæ кæмæн цы æмбæлы уый кæндзыстæм. Абон стыр
бæрæгбон у Ирыстонæн, Джеоргуыбайы бонтæ сты æмæ Ирыстоны цæрджытæн арфæ
кæнын».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania