филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:36 суббота, 21 сентября 2024
21 ноября 2012, 09:25
Дигорайы ацыд автор æмæ композитор Габеты Сергейы мысæн изæр

Хорз адæймаджы ном æнустæм цæры, зæгъы ирон æмбисонд. Дигорайы культурæйы управленийы кусджыты хъæппæрисæй ацыд, адæмæн уарзон чи сси, ахæм зарджыты автор æмæ композитор Габеты Сергейы мысæн изæр.

Хорз адæймаджы ном æнустæм цæры, зæгъы
ирон æмбисонд. Дигорайы культурæйы управленийы кусджыты хъæппæрисæй
ацыд, адæмæн уарзон чи сси, ахæм зарджыты автор

æмæ композитор Габеты Сергейы мысæн изæр. 

Дыгуры районы ахæм мысæн изæр фыццаг
хатт арæзт æрцыд. Габеты Сергейы сфæлдыстад адæмæн уарзон кæй у, уымæн
æвдисæн у, мадзалмæ цас адæм æрбацыд, уый.

Йе рдхæрдтæ, æмкусджытæ, стæй йын йе
сфæлдыстадмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, уыцы адæм цыдысты сценæмæ
Сергейы æрымысынмæ. Бирæ фæсивæд схъомыл, йæ царды æцæгдзинæдтыл фыст
зарджытыл. Йæ хъомылгæнинæгтæ сæрыстыр сты сæ ахуыргæнæгæй.

Хуыдарты Алан, музыкалон къорд
«Урсдон»-ы зарæггæнæг: «Сергей мæнæн мæ царды стыр ныфс радта. Дыгуры
районы мæ уый фæрцы базыдтой куыд зарæггæнæг, афтæ. Йæ зарджытæ сты
уарзондзинадыл. Уый та вæййы алцæмæ дæр- дæ бæстæмæ, дæ бинонтæм, дæ
адæммæ. Йæ зарджытæ нын стыр хъару дæдтынц абон дæр».

Габеты Сергейы курдиатимæ бирæтæ зонгæ
уыдысты. Æрмæст ансамбль «Кафт»-ы цы рæстæг архайдта, уый дæр историйы
баззайдзæн. Йæ бирæ сгуыхтдзинæдтæй, æфсæрмдзаст нæлгоймаг никуы
бауагъта раппæлын. Йæ уыцы уæздандзинад ын абон дæр хъуыды кæнынц адæм.

Мысæн изæр саив кодтой Æрæфы æмæ Дыгуры
районты зарæггæнджытæ, сфæлдыстадон къордтæ. Зæрдиагæй кодтой Габеты
Сергейы фыст зарджытæ. Фембæлдмæ æрбацæуджытæн ма уыд Сергейы
видеоклиптæм бакæсыны фадат дæр. Цымæ сценæйыл зарыд, афтæмæй сæм хæццæ
кодта йæ уарзондзинад, йæ хæлардзинад.

Лолаты Батраз, Дигорайы Цæголты Георгийы
номыл музейы директор: «Иннæ фæсевæдæн Сергей афтæ тынг бауарзта уыцы
хъуыддаг æмæ дарддæр бацыд Сывæллонæй ардæмæй хъуыды кæнын».

Габеты Сергей йæ фæстæ ныууагъта рæсугъд
фæд. Йæ фыст зарджытæ, стæй йæ цот. Ис ын æртæ кæстæры. Уыдон ын йæ
рухс ном рох кæнын нæ бауаддзысты.

Мысæн изæрæй æнæ цæссыгæй ничи рацыд.
Æппæт æрбацæуджытæ дæр хъыг кодтой ахæм хорз удыхъæды хицау Габеты
Сергей йæ 60 азмæ кæй нал фæцард, кæй нал федта фæлтæрæй фæлтæрмæ йын йæ
зарджытæ куыд кæнынц, уый.

Сосранты Жаннæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania