филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:46 суббота, 21 сентября 2024
21 ноября 2012, 15:26
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг абон архайдта Уæрæсейы Федерацийы Хицауады сæрдар Дмитрий Медведевы

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз абон архайдта Уæрæсейы Федерацийы Хицауады сæрдар Дмитрий Медведевы разамындæй цы æмбырд ацыд уым. Арæзт æрцыд онлайны хуызы.

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Мамсыраты
Таймураз абон архайдта Уæрæсейы Федерацийы Хицауады сæрдар Дмитрий
Медведевы разамындæй цы æмбырд ацыд уым. Арæзт æрцыд онлайны хуызы.

Видео-конференцийы сæйраг фарстатæ
уыдысты скъолайы агъоммæ ахуырады æмæ ног стандарттæ    сфидар кæныны
фарстатæ. Дмитрий Медведев вице-премьер Ольга Голодец УФ-йы финансты
министрадæн бахæс кодта, ахуырады рацарæзтæн уæлæмхасæн фæрæзты
информаци бацæттæ кæнын. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы фарстайæн бахъæудзæн 3
сæдæ миллиард сомы.

Цæгат Ирыстоны нысан кæнынц, скъолайы
агъоммæ кары сывæллæттæн 2 сæдæ фæндзай уæлæмхасæн бынаты скæнын.
Ифтонггонд уыдзысты федералон бюджетæй республикæмæ цы субсидитæ цæуы,
уыцы фæрæзтæй. Ацы азы 25-æм октябрьмæ республикæйы сывæллæттæн фæзынд
мин авд сæдæ цыппор бынаты. Уыдон сты уæлæмхасæн арæзтадтæ, стæй цалцæг
кæнынмæ цы къордтæ сæхгæдтой, уыдон. Афæдзы кæронмæ арæзт фæуыдзæн
Дзæуджыхъæуы сæдæ æвдай æхсæзæм рæвдауæндон. Ахæм куыст цæуы районты
дæр. Скъолайы агъоммæ ахуыргæнæндæтты кусджытæй 2 мины æвдайæн нысан
кæнынц сæ мызд фæфылдæр кæнын.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania