филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:43 суббота, 21 сентября 2024
21 ноября 2012, 17:07
ЦИПУ-йы уыд культурæ æмæ этнос æндæр бæстæйы цæргæйæ бахъахъхъæныны тыххæй æмбырд

Хи культурæ æмæ этнос æндæр бæстæйы цæргæйæ бахъахъхъæнын. Ацы фарстайыл абон ныхас цыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты филологийы факультеты.

Студенттæн æмæ ахуыргæнджытæн лекцитæ бакастысты

Хи культурæ æмæ этнос æндæр бæстæйы
цæргæйæ бахъахъхъæнын. Ацы фарстайыл абон ныхас цыд Цæгат Ирыстоны
паддзахадон университеты филологийы факультеты.

Студенттæн æмæ ахуыргæнджытæн лекцитæ
бакастысты Амуры паддзахадон университеты профессортæ Аннæ æмæ Андрей
Забияко. Ныр бирæ азты иртасынц темæ «Уырыссæгтæ Китайы». Пайда кæнынц
алыхуызон æрмæджытæй, сæ куыстыты ма ис эмигрантты мысинæгтæ. Анна
Забияко куыд загъта, афтæмæй Уæрæсейæ æндæр бæстæмæ цæрынмæ чи ацыд,
уыдонæн бантыст бахъахъхъæнын сæ культурæ æмæ æгъдæуттæ. Зæгъæм, Китайы
горæт Харбины ис уæрæсейæгтæ æмæ се ппæт дæр сты алы адæмы хæттытæй.

Дзæхаты Ларисæ, политикон наукæты
доктор, ЦИПУ-йы социалон-гуманитарон наукæты кафедрæйы сргълæууæг: «Нæ
бон зæгъын у уый, æмæ æнæхъæн къуыри Цæгат Ирыстоны паддзахадон
университеты цæуынц аукæйы бонтæ. Æмæ нæм, уымæ гæсгæ, уазæгуаты
ссыдысты Амуры паддзахадон университеты профессортæ. Ныхас цыд динты
хсæн иумæйаг æвзаг ссарыны тыххæй. Уымæн æмæ Кавказы цæрынц алы адæмтæ
æмæ алкæмæн дæр ис йæхи дин. Абон фембæлд та уыдис, революцийы фæстæ
Китаймæ цы адæм алыгъд цæрынмæ, æмæ сæ культурæ куыд бахъахъхъæдтой, уый
тыххæй».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania