Театралон аивады музей 2012-æм аз банымадта театралон нывгæнæджы афæдзыл. Байгом дзы Евгений Вахтанговы номыл уырыссаг Академион театры нывгæнджыты равдыст.
Аивадуарзджытæм тынгдæр цымыдисдзинад сæвзæрын кодтой костюмтæ.
Театралон аивады музей 2012-æм аз банымадта театралон нывгæнæджы афæдзыл.
Байгом дзы Евгений Вахтанговы номыл уырыссаг Академион театры нывгæнджыты равдыст.
Аивадуарзджытæм тынгдæр цымыдисдзинад
сæвзæрын кодтой костюмтæ. Театралон нывгæнæджы афæдз æххæст кæнгæйæ ахæм
равдыст арæзт æрцыд 3-аг хатт.
Æрбацæуджытæ стыр аргъ скодтой авторты
сфæлдыстадæн. Декорациты макеттæ, театралон уæлæдарæсы эскизтæ æмæ
æндæртæ. Костюмтæ æмæ портреттæ сты республикæйы зындгонд режиссерты æмæ
актерты.
Ацы равдыстмæ хаст æрцыдысты Светланæ
Володинæ æмæ Игорь Ромашкины 80 куысты. Театралон музейы ма афæдзы
кæронмæ цæттæ кæнынц 2 равдысты. Адæмы размæ дзы рахæсдзысты Дыгурон æмæ
оперæ æмæ балеты национ театрты нывгæнджыты куыстытæ.