филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:35 суббота, 21 сентября 2024
22 ноября 2012, 15:22
Æвзæрстытæ кæд 11 боны размæ ахицæн сты, уæддæр ма уыцы компанийы æвдисæнтæ ныр дæр ис фенæн

Цæгат Ирыстоны парламентмæ 2-аг æвзæрстытæ кæд 11 боны размæ ахицæн сты, уæддæр ма уыцы компанийы æвдисæнтæ ныр дæр ис фенæн. Дзæуджыхъæуы уынгты Ног азы заз бæласау, ирд ахорæнтæй зынынц агитацион æрмæджытæ. Цæмæн афтæ рауад?

Цæгат Ирыстоны парламентмæ 2-аг
æвзæрстытæ кæд 11 боны размæ ахицæн сты, уæддæр ма уыцы компанийы
æвдисæнтæ ныр дæр ис фенæн. Дзæуджыхъæуы уынгты Ног азы заз

бæласау, ирд ахорæнтæй зынынц агитацион æрмæджытæ. Цæмæн афтæ рауад?

Бæстыхæйттæ, электрон телы хъæдтæ,
æрлæууæн бынæттæ, хидтæ, суанг ма бæлæстæ дæр ныры онг, Ног азы заз
бæлæстау, цæхæр калынц алыхуызон ахорæнтæй. Æвзæрстытæ фесты, фæлæ
агитацион æрмæджытæ, раздæрау, рох кæнын нæ уадзынц, чи дзы архайдта,
уыдоны. Рацыд 2 къуырийы бæрц, фæлæ сæ æфснайæг нæй. Афтæмæй æвидауц
кæнынц горæты уынгтæ.

Дзæуджыхъæуы административон-техникон
инспекцийы специалист Мамсыраты Альберты ныхæстæм гæсгæ, цалдæр партийæн
арвыстой гæххæттытæ, цæмæй сисой сæ агитацион æрмæджытæ, уый тыххæй.
Куыд ма бафиппайдта, афтæмæй куыстуæттæ æмæ алыхуызон организацитæ сæ
рекламон æрмæджытæ ныффидар кæнынц сæрмагонд бынæтты. Фæлæ партиты
минæвæрттæм, уый, æвæццæгæн, сæрмæхæссинаг хъуыддаг нæ фæкаст.

Ацы хъуыддаджы фæдыл Коммунистон партийы
минæвæрттæ дæттынц дзуапп, сæ партийы агитацион æрмæджытæ ма сты горæты
уынгты, фæлæ алы изæр дæр архайынц сæ айсыныл.

Тайсауты Хъазыбег, УФ-йы Коммунистон
партийы цæгатирыстойнаг хайады сæргълæууæг: «Кæд æвзæрстыты мах фæстæ
баззадысты цыдæр æрмæджытæ, уæд сæ нæ фæсивæд сисдзысты, ссыгъдæг
кæндзысты. Уымæн æмæ нæ алкæйдæр фæнды цæмæй нæ горæт уа сыгъдæг æмæ
рæсугъд».

Парти «Рæстад Уæрæсе»-йы цæгатирыстойнаг
хайады разамонæг Кучиты Гарийы ныхæстæм гæсгæ, партийы минæвæрттæ æмæ
сæ фарсхæсджытæ æвзæрстыты фæстæ уайтагъддæр рахастой уынаффæ сæ
агитацион æрмæджытæ сисыны тыххæй… Йæ хъуыдымæ гæсгæ, ногæвзæрст
депутаттæн кад нæ кæны, сæ фæстæ кæй нæ бафснайдтой, уыцы хъуыддаг. Кæд
æмæ адæмы пайдайæн кусын у сæ хæс, уæд сæ фæстæ æфснайын дæр уырдæм
хауы.

Раздæрау, телы хъæдтæй æмæ æрлæууæн
бынæттæй горæты цæрджытæм худынц иумандатон зылдты кандидаттæ. Кæд,
мыййаг, кæй сæ равзæрстой, ууыл цин кæнынц?»Уæрæсейы патриотты»
минæвæртты та дисы фтауы, сæ партийы тыххæй æрмæджытæ уый бæрцæй кæцæй
фæзындысты, уый.

Челдыты Виталий, парти «Уæрæсейы
патриотты»- цæгатирыстойнаг хайады комитеты сæрдар: «Йер партитæ
чидæриддæр архайдтой æвзæрстыты, уыдон та уыдысты 17 партийы, уыдон
иууылдæр иумæ куы æрæмбырд уаиккой, куы æрныхас кæниккой, уæд хуыздæр
уаид. Кæд дзы исты фæрæзтæ хъæуынц, уæддæр нæхæдæн исты самал кæниккам
æмæ нæ горæт ссыгъдæг кæнæм. Фæлæ нæ сахар æрмæстдæр уыцы æрмæджытæй
чъизи у, уый мæнмæ раст нæ кæсы. Мах нæ фæстæ бафснайдзыстæм. Уымæн æмæ
нæ фæнды цæмæй Дзæуджыхъæу уа сыгъдæр. Фæлæ ма уымæй уæлдай бакусинаг
фарстатæ бирæ».

Цæмæй уынгтæ ссыгъдæг кæной, уый тыххæй
Дзæуджыхъæуы администрацийы разамынд партитæн радта 7 боны. Фæлæ куыд
уынæм, афтæмæй республикæйы закъонæвæрынады сæйраг оргæны минæвæрттæ нæ
тагъд кæнынц сæрмагонд закъоны домæнтæ сæххæст кæнынмæ. Мэрийы кусджытæ
сын иу æмæ дыууæ хатты нæ бауайдзæф кодтой. Фехъусын сын кодтой –
æвзæрстыты фæстæ 7 бонмæ сæ агитацион æрмæджытæ куы нæ сисой, уæд
административон æгъдауæй æфхæрд кæй баййафдзысты, уый.

Фæлæ куыд уынæм, афтæмæй, хъуыддаг
хуыздæрырдæм тынг нæ ивы. Æмæ фæзыны фарста: йæхæдæг закъоны домæнтæ чи
не ххæст кæны, уымæн парламенты депутат уæвгæйæ, адæмы номæй
республикæйы закъонтæ исыны æмæ фидар кæныны бар дæттæн ис, æви нæ, уый.

Зыхъуаты Жаннæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania