филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:46 суббота, 21 сентября 2024
22 ноября 2012, 15:22
Къесаты Станислав æмæ Токаты Людмилæ æвзæрст æрцыдысты Цæгат Ирыстоны Парламенты сæрдары хæдивджытæй

Къесаты Станислав æмæ Токаты Людмилæ æвзæрст æрцыдысты Цæгат Ирыстоны 5-æм æмбырды Парламенты сæрдары хæдивджытæй. Абон сыл схъæлæс кодтой депутаттæн сæ фылдæр. Уæвгæ, Парламенты æмбырды боны фæткмæ хаст æрцыд 2 фарстайы.

Къесаты Станислав æмæ Токаты Людмилæ
æвзæрст æрцыдысты Цæгат Ирыстоны 5-æм æмбырды Парламенты сæрдары
хæдивджытæй. Абон сыл схъæлæс кодтой

депутаттæн сæ фылдæр. Уæвгæ, Парламенты æмбырды боны фæткмæ хаст æрцыд 2
фарстайы. Хабæрттæ нын бæлвырддæр радзурдзæн Фæрниаты Мæдинæ.

Парламенты дыккаг æмбырды боны фæткмæ
хаст æрцыдысты дыууæ фарстайы. Парламенты сæрдары фыццаг хæдивæгæй
сæвзарынæн фракци «Иугонд Уæрæсе» бахаста Къесаты Станиславы
кандидатурæ, «Уæрæсейы патриоттæ» та – Фадзайты Æхсарбеджы кандидатурæ.
Электрон фæрæзтæй пайда кæнгæйæ, сусæгæй схъæлæс кæныны хатдзæгтæм
гæсгæ, Къесаты Станислав æвзæрст æрцыд Парламенты сæрдары фыццаг
хæдивæгæй.

Къесаты Станислав, РЦИ-Аланийы
Парламенты фыццаг хæдивæг: «Кæд кæмæдæр афтæ кæсы, æмæ æрæмбырд стæм,
цæмæй алчидæр йæхирдæм иваза æмæ йæхи ныхæстæ кæна, уæд уый Парламент нæ
уыдзæн. Уыдзæн дзурæн бынат, хыл кæныны бынат, фæлæ Парламент нæ
уыдзæн. Иумæ кусын хъæуы, æнæ уымæй ницы рауайдзæн».

Парламенты сæрдары хæдивæг равзарынæн
фракци «Иугонд Уæрæсе» бахаста Токаты Людмилæйы кандидатурæ. Уыцы
бынатмæ дыккаг кандидатурæ та уыд Челдыты Виталий фракци «Уæрæсейы
патриоттæй». Депутаттæ куыд схъæлæс кодтой, уымæ гæсгæ Парламенты
сæрдары хæдивæгæй равзæрстой Токаты Людмилæйы.

Токаты Людмилæ, РЦИ-Аланийы Парламенты
хæдивæг: «Тынг мæт кæнын, тынг тыхсын. Мæ тыхтæ æмæ мæ зонд нæ бавгъау
кæндзынæн, мæ бон цы уа, уымæй архайдзынæн. Куыст бирæ ис, адæммæ
фарстатæ бирæ ис. Адæм æнхъæлмæ кæсынц, æмæ нæ закъонтæй, нæ куыстæй
адæмы цард хъуамæ фæрогдæр кæнæм. Æркæсдзыстæм æппæт фарстатæм æмæ
кусдзыстæм».

Гуситы Игорь, РЦИ-Аланийы Парламенты
депутат: «Сæ ног бынæтты амондджын куыст фæкæнæнт, сæ хорз хъуыддæгтæ
адæмæн куыд равдисой, Хуыцау сын ахæм арфæ ракæнæд. Къесаты Станиславы
хуызæн юристтæ Уæрæсейы дæр бирæ нæй. Уæдæ Токаты Людмилæйы дæр бирæ
азты дæргъы зонын. Йæ хъæбатырдзинад, йе ‘гъдау, йæ алы хъуыддаг дæр
рæстмæ вæййы кæд фæнды дæр.

Депутат Фадзайты Æхсарбег раарфæ кодта,
Парламент йæ куыст кæй райдыдта, уый фæдыл æмæ загъта фæндон, цæмæй алы
фракцийы хъуыдытæ æмæ хъæппæристæ дæр хынцой. Парламенты сæрдар Алексей
Мачнев куыд бафиппайдта, афтæмæй депутаттæ сты, адæм кæй равзæрстой æмæ
кæуыл баууæндыдысты, ахæм минæвæрттæ, æмæ иумæйагæй хъуамæ архайой
республикæйы цæрджыты фарстатæ лыг кæныныл.

Фæрниаты Мæдинæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania