филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:47 суббота, 21 сентября 2024
23 ноября 2012, 09:17
Ацы бонты газет «Северная Осетия» бæрæг кæны йæ 95 азы юбилей

У Цæгат Кавказы рагондæр мыхуыры дзыллон информацион фæрæзтæй иу. Юбилейы кадджын мадзал ацæудзæн уырыссаг академион театры.

Бæликъоты бинонтæ газет «Цæгат Ирыстон» исынц 50 азæй фылдæр.

У Цæгат Кавказы рагондæр мыхуыры дзыллон информацион фæрæзтæй иу. Юбилейы кадджын мадзал ацæудзæн уырыссаг академион театры.

Бæликъоты бинонтæ газет «Цæгат Ирыстон»
исынц 50 азæй фылдæр. Республикæйы æппæт цауты тыххæй уым базонынц.
Политикæ, æхсæнад, культурæ, спорт. Алчидæр дзы ссары зæрдæмæдзæугæ
æрмæг.

Бæликъоты Беллæ: «Тынг цымыдисаг
æрмæджытæ дзы вæййы. Изæры куы æрæмбырд вæййæм, уæд кæрæдзийы дæр
афæрсæм, цавæр æрмæг хуыздæр у. Хорз историон æрмæджытæ дзы ис, адæмы
цард, культурæ. Нæ зæрдæмæ цы æрмæг фæцæуы, уый та ногæй бакæсæм».

Хабæрттæ цæттæ кæнынц ам. Алы райсом дæр
газеты сфæлдыстадон къорд æрдзуры ног номырыл. Фæнысан кæны хорз
æрмæджытæ, стæй ма бакусын кæуыл хъуыдис, уыдон. Хъус дары алкæйы
хъуыдымæ дæр. Уымæн æмæ уацты хæрзхъæддзинад у – газеты сæйраг домæн.
Газеткæсæджы дæхиуыл баууæндын кæнын – уый æнцон хъуыддаг нæу.

Есиаты Измаил, газет «Цæгат Ирыстон»-ы
сæйраг редакторы хæдивæг: «Афтæ куы зæгъæм нæ газет æрмæст хистæр кары
адæм кæсынц, уæд уый раст нæу, æрыгæттæ дæр æй кæсынц. Рæвдауæндоны дæр
исты мадзал куы вæййы, уæд дæр æрмæг махмæ æрбахæссынц. Æвæццæгæн, ныл
æууæндынц æмæ уый тыххæй».

Æрмæджытæ мыхуыр кæнынц цехы. Ам райсомы
боны хабæрттæ базонынц фыццаг. Мыхуыры рæстæг бæрæг кæнынц рауагъдады
тиражмæ гæсгæ. «Цæгат Ирыстонæн» у стырдæр канд республикæйы нæ, фæлæ ма
регионы дæр – 30 мин экземплярæй фылдæр. Уымæ гæсгæ газет фæмыхуыр
кæнынц 2 сахаты бæрц.

Чехойты Ритæ, газетты цехы кусæг: «Æз
лæууын упаковкæйы. Газеттæ иумæ æмбырд кæнын. Иу пачкæйы вæййы 200
газеты. Изæры æрбацæуынц машинæтæ æмæ сæ аласынц».

Ацы бонты «Цæгат Ирыстон» бæрæг кæны йæ 95 азы юбилей. Йæ историимæ базонгæ уæвæн ис редакцийы архивы.

1961-æм аз. 13 апрель. Ай у газеты
рагондæр номертæй иу. Сæйраг хабар – адæймаг фыццаг хатт космосмæ кæй
атахт, уый. Бирæ хабæрттæ абон республикæйы цæрджытæ базонынц «Цæгат
Ирыстон»-ы фæрцы.

Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania