Абон уыд Хицауады радон æмбырд. Амыдта йæ йæ сæрдар Такъоты Сергей. Фидаргонд æрцыд хъазахъхъæгты иугæндтæн паддзахадон æххуысы республикон программæ 2013-2015 азтæн. Зындгонд куыд у, афтæмæй хъазахъхъæгтæ стыр æвæрæн хæссынц
Абон уыд Хицауады радон æмбырд. Амыдта
йæ йæ сæрдар Такъоты Сергей. Фидаргонд æрцыд хъазахъхъæгты иугæндтæн
паддзахадон æххуысы
республикон программæ 2013-2015 азтæн. Зындгонд куыд у, афтæмæй
хъазахъхъæгтæ стыр æвæрæн хæссынц æдасдзинад хъахъхъæныны фарстатæм,
æнгомæй кусынц хицаудзинады æмæ бынæттон хиуынаффæйады органтимæ.
Программæйы мадзæлттæ арæзт сты хъазахъхъæгты культурæ æмæ æгъдæутты
рæзтмæ, фæсивæды хъомыладмæ. Хицауад рахаста уынаффæ, амалгæнджыты хсæн
республикон конкурс саразын. Æвзардзысты, йæ кусджытæн хуыздæр фæллойы
фадæттæ чи скодта, уыдоны. Конкурсы нысан у – куыст чи дæтты, уыдоны
разæнгард кæнын фæллойгæнджыты уавæрмæ хъус дарынмæ. Каст цыд
республикон бюджетмæ ивддзинæдтæ бахæссыны фæдыл закъоны проектмæ.
Федералон бюджетæй цы уæлæмхасæн фæрæзтæ æрбафтыд, уыдон дихгонд
æрцыдысты, кæм нæ фаг кодтой, уыцы къабæзтæн. Æмбырды сфидар кодтой
«Республикæйы хъæды хæдзарады рæзты программæ 2020-м азы онг».
Баллаты Мæирбег, РЦИ-Аланийы хъæды
хæдзарады комитеты сæрдары хæдивæг: «Сæйраг фарста у, цæмæй нæ хъæдты
уавæр фæхуыздæр кæнæм. Уымæн дзы æвæрд цæуы æхца. 90% фылдæр федералон
бюджетæй, нæ республикæйы æхцатæ дæр дзы уыдзæн. Схардз сæ кæндзыстæм,
цæмæй хъæдты фæндæгтæ фæхуыздæр уой, зынгсирвæзтытæ ма цæуа, куы æрцæуа,
уæд сæ цæмæй æвæстиатæй ахуыссын кæной. Сæйраглæр та у, цæмæй хъæды
фæзуæттæ уæрæхдæр кæной».