филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:45 суббота, 21 сентября 2024
28 ноября 2012, 09:26
Йæ цардæй ахицæн УФ-йы сгуыхт артисткæ Мыстулаты Иринæ

Йæ цардæй ахицæн Ирыстоны уарзондæр артисткæ, дæсны фæндырдзæгъдæг Мыстулаты Иринæ. Сценæмæ йæ иу рацыд дæр адæмæн уыд бæрæгбонау. Йæ фæндыры зæлтæ зæрдæйы гуырын кодтой æхсызгон æнкъарæнтæ.

Йæ цардæй ахицæн Ирыстоны уарзондæр
артисткæ, дæсны фæндырдзæгъдæг Мыстулаты Иринæ. Сценæмæ йæ иу рацыд дæр
адæмæн

уыд бæрæгбонау. Йæ фæндыры зæлтæ зæрдæйы гуырын кодтой æхсызгон
æнкъарæнтæ. Стыр аргъ ын чи нæ кодта, æвæццæгæн, ахæм адæймаг нæ
республикæйы нæй. Хайджын уыд æппæтæй зынаргъдæр хорзæхæй – адæмы
уарзондзинадæй.

Мыстулаты Иринæ…
Йæ алы рацыд сценæмæ – бæрæгбон.
Йæ алы фæндырдзагъд – удæнцой æмæ æхсызгондзинад. Йæхæдæг та уæздан, парахатзæрдæ æмæ адæмуарзон.

Мыстулаты Иринæ… æрмæст йæ ном
фехъусгæйæ дæр Ирыстоны цæрджыты зæрдæты бацæуы цавæрдæр циндзинад.
Алчидæр фæбæллы йæ цагъдмæ байхъусынмæ.

Фæлæ знон… йæ хуыздæр цагъд кæронмæ нæ фæци. Нæ йын бантыст йæ фæндыры зæлтæй аивадуарзджытæн «хæрзбон» зæгъын.

Фæлтæрджын фæндырдзæгъдджытæ, æрыгæттæ,
аивадуарзджытæ – иууылдæр сты иузæрдион. Мыстулаты Иринæйы хуызæн 2-аг
фæндырдзæгъдæг нæй. Уæларвæй лæвæрд курдиатæй фæндаг ссардта алкæй
зæрдæмæ дæр. Чи йæ нæ уарзта, ахæм адæймаг, æвæццæгæн, нæй.

Бæрæг дардта иннæтæй. Йæ фндырдзагъды
фыццаг зæлтæй дæр – иу æй адæм базыдтой. Æмæ – иу, æнæмæнг, сæ зæрдæтæ
ныррухс сты,сæ цæсгæмттыл-иу фæзынд мидбылхудт. Уæнгтæн та- иу бауромæн
нал уыд.

Фæндырдзагъды паддзах не хсæн нал ис,
фæлæ йæ ном æмæ йæ аивад рох никуы уыдзысты. Адæм ын раздæрау цин
кæндзысты йæ рæсугъд фæндырдзагъдыл. Экрантæй та сæм йæ мидбылты худдзæн
Мыстулаты Иринæ…

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania