филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:39 суббота, 21 сентября 2024
28 ноября 2012, 09:27
Нузалы аргъуаны историйы сусæгдзинæдтæ

Цæгат Ирыстоны рагондæр историон цыртдзæвæнтæй иу у Нузалы аргъуан. Кæддæриддæр цымыдисаг уыд канд нæ республикæйы нæ, фæлæ æппæт бæстæйы ахуыргæндтæн дæр. Абон дæр ма цæуынц иртасæн куыстытæ ацы национ хæзнайы сусæгдзинæдтæ базоныны нысанимæ.

Цæгат Ирыстоны рагондæр историон цыртдзæвæнтæй иу у Нузалы аргъуан. Кæддæриддæр цымыдисаг уыд канд нæ республикæйы нæ,

фæлæ æппæт бæстæйы ахуыргæндтæн дæр. Абон дæр ма цæуынц иртасæн куыстытæ ацы национ хæзнайы сусæгдзинæдтæ базоныны нысанимæ.

Хъуппеты Алан цæры Нузалы аргъуаны тæккæ
раз. Райгуырд æмæ схъомыл ацы хъæуы. Йæ чысылæй фæстæмæ хъусы, йæ
алыварс цы историон æмæ архитектурон цыртдзæвæнтæ ис, уыдоны тыххæй.
Абон заууатмæ кæй цæуынц, уый хъæуы цæрджытæн зын у.

Хъуппеты Сослан, Нузалы цæрæг: «Кæм
хъарын райдыдта, кæм цы. Æмæ йæм базилын хъæуы дзæбæх. Адæймагæн зын у.
Ам ма бирæ мæсыгтæ уыд, æмæ сæ фехæлдтой. Хъуамæ сæ адæймаг хъахъхъæнгæ
кæна, махмæ та сæ халгæ кæнынц».

Сæрды культурон намысы объекттæй пайда
кæныны æмæ хъахъхъæныны комитет æмæ волонтертæ æрцыдысты Нузалмæ
аргъуаны алыварс æфснайынмæ. Уæд систой, аргъуан къæвдатæй цы æмбæрзæн
хъахъхъæдта, уый дæр.

3 мæйæ фылдæр аргъуан æмбæрст нæ уыд.
Уыцы хабар ирон нывгæнджытæ куы базыдтой, уæд уайтагъд æрцыдысты бынатмæ
æмæ сæхи тыхтæй бацархайдтой, архитектурæйы цыртдзæвæн бахъахъхъæныныл.

Комитеты куыд зæгъынц, афтæмæй уый уыд
æнæмæнг хъæугæ мадзал. 15 азмæ уыцы æмбæрзæн нал бæззыд. Тæссаг уыд
адæмæн дæр, стæй аргъуанæн дæр. Хъуыды кодтой, цæмæй бæстыхай сфидар
кæной сæрмагонд, дон чи нæ уаддзæн, ахæм æрмæгæй. Фæлæ ныртæккæ техникон
æгъдауæй, уыцы куыстытæ кæнæн нæй.

Æгайты Эмилия, культурон намысы
объекттæй пайда кæныны æмæ хъахъхъæныны комитеты уынаффæгæнæг:
«Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй зымæджы размæ ахæм мадзæлттæ кæнын
не мбæлы. Банхъæлмæ кæсын хъæуы уалдзæгмæ. Уымæн æмæ донуадзæн куы
аразай, бетон куы кæнай, уæд цасдæр рæстæг хъуамæ рацæуа, цæмæй сфидар
уа, уый тыххæй. Мах та абон дæр цæттæ стæм уыцы куыстытæм».

Нузалы аргъуан у федералон нысан кæмæн
ис, ахæм архитектурон цыртдзæвæн. Йæ алыварс кæддæриддæр цыдысты
быцæутæ. Историкты фæстаг иртæстытæм гæсгæ арæзт æрцыд 14 æнусы райдиан
æмæ дзы ныгæд ис Аланты паддзах – Бæгъатыр. Ам ис сæрмагонд нывæфтыдтæ
дæр. Конд сты византийон стилы. Ацы национ хæзнатæ бахъахъхъæнын у,
æппæт цæстдарæг куыстуæтты иумæйаг хæс.

Бæззаты Земфирæ, РЦИ-Аланийы национ
музейы генералон директоры хæдивæг: «Ныртæккæ архайæм, цæмæй исты
мадзæлттæ ссарæм. Фарон балæвæрдтам программæ «Уæрæсейы культурæмæ» нæ
проект. Кæд нын Мæскуыйы радих кæной æхца, уæд æй райдайдзыстæм цалцæг
кæнын. Фæнды мæ зæгъын, цæмæй нæ Хицауад дæр, стæй æппæт куыстуæттæ дæр
сæ цæст æрдарой, цæмæй йæ сцалцæг кæнæм фæстæмæ уыцы мæнгагъуыст, цæмæй
йæм дон ма хъара».

Регионалон æмæ федералон нысаниуæг кæмæн
ис, ахæм цыртдзæвæнтæ Нузалы дзæвгар сты. Уыдонмæ хауынц: аргъуан,
къæдзæхыл цы лæгæт ис, уый, стæй Цæразонты мыггаджы къабæзтæ ныгæд кæм
сты, уыцы ингæнтæ. Специалисттæм ис фæнд, æппæт уыцы объекттæ баиу кæнын
æмæ дзы скæнын, æнæхъæн дунейы æмбал кæмæн нæ уыдзæн, ахæм сæрмагонд
комплекс.

Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania