филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:59 суббота, 21 сентября 2024
28 ноября 2012, 15:07
Боны фæткмæ цы фарстатæ рахастой, уыдон баст уыдысты Парламенты структурæ сфидар кæнынимæ

Абон уыд Парламенты 3-аг æмбырд. Амыдта йæ йæ сæрдар Алексей Мачнев. Боны фæткмæ цы фарстатæ рахастой, уыдон баст уыдысты Парламенты структурæ сфидар кæнынимæ.

Федерацийы Советы республикæйы Парламенты минæвар Хъæдохты Валерийæн

Абон уыд Парламенты 3-аг æмбырд. Амыдта
йæ йæ сæрдар Алексей Мачнев. Боны фæткмæ цы фарстатæ рахастой, уыдон
баст уыдысты Парламенты структурæ сфидар кæнынимæ.

Федерацийы Советы республикæйы
Парламенты минæвар Хъæдохты Валерийæн йæ куысты æмгъуыд кæй ахицæн, уымæ
гæсгæ æмбырды хъæлæс кодтой ног минæвар снысан кæныныл. Федерацийы
Советы ног уæнгæй æвзæрст æрцыд Тотоонты Алыксандр. Комитеттæ æмæ
къамистæ саразынмæ æркæсыны агъоммæ фракци «Уæрæсейы патриоттæ» загътой,
разы кæй не сты, сæ минæвæртты кандидатурæтæ хъæлæс кæныны номхыгъдмæ
хаст кæй не ‘рцыдысты, уыимæ, æмæ æмбырдæй рацыдысты. Алексей Мачнев
куыд загъта, афтæмæй алы разамонæджы кандидатурæ дæр депутаттæ бахастой
сæхæдæг, æмæ кæронбæттæн уынаффæ дæр сæхæдæг хæссынц. Депутаттæ
æркастысты 8 комитеты уæнгты номхыгъдтæ сфидар кæныны фарстатæм. Æвзæрст
æрцыдысты сæ сæрдартæ дæр. Уыдонæй 3 сты, раздæр чи куыста, уыдон,
иннæтæ та сты ногтæ. Равзæрстой ма 5 къамисы разамонджыты дæр. Алексей
Мачнев раарфæ кодта Хъæдохты Валерийæн, 12 азы Федерацийы Советы уæнгæй
æнтыстджынæй кæй фæкуыста, уый тыххæй.

Хъæдохты Валерий, УФ-йы Федерацийы
Советы раздæры уæнг: «Сенатормæ адæм бирæ фыссынц, цæуынц. Ам-иу куы
уыдтæн, уæд-иу адæмимæ бирæ æмбæлдтæн. Кæй куыстмæ бацæуын хъæуы, кæй
ахуырмæ, кæй рынчындонмæ. Æмæ сын никуы бацауæрстон мæхиуыл. Мæ бæсты
сæвзæрстой Тотоонты Алаксандры. Ис йæм хъару, кусын зоны. Мæскуыйы дæр
куыста. Мæ зæрдæ дарын, мæнæй æвзæрдæр кæй нæ бакусдзæн, ууыл».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania