филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:33 суббота, 21 сентября 2024
28 ноября 2012, 15:13
«Ювеналон юстицийы» ног закъонæн йæ бон фехалын у кавказаг бинонты уагæвæрд

«Ювеналон юстицийы» ног закъонæн йæ бон фехалын у кавказаг бинонты уагæвæрд æмæ Кавказы адæмты æгъдæуттæ.

Ууыл абон ныхас цыд республикæйы æхсæнадон палатæйы кусæг æмбырды.

«Ювеналон юстицийы» ног закъонæн йæ бон фехалын у кавказаг бинонты уагæвæрд æмæ Кавказы адæмты æгъдæуттæ.

Ууыл абон ныхас цыд республикæйы
æхсæнадон палатæйы кусæг æмбырды. Йæ архайджыты хъуыдымæ гæсгæ, закъон
фылдæр «сфидауид» фæсарæйнаг бæстæты. Уым ныййарджыты бартæ сæ бон
байсын у, зæгъæм, сывæллон цы хæринæгтæ уарзы, ахæмтæ хæдзары куы нæ
разына, уæддæр.

Уæрæсейаг закъоны куыд амынд ис, афтæмæй
йæ сывæллонмæ карз хъæлæсы уагæй чи сдзура, кæнæ йæ, куыд фæзæгъынц,
къуымы чи слæууын кæна, уыцы ныййарджытæ æфхæрд цæудзысты
административон кæнæ уголовон æгъдауæй. Юстицийы, ахуырад æмæ наукæйы,
фæллойы æмæ социалон рæзты министрадты минæвæрттæ, стæй республикæйы
сывæллоны барты фæдыл æххæстбарджын адæймаг куыд зæгъынц, афтæмæй ног
закъон царды рауадзыны размæ Уæрæсейы сфидар кæнын хъæуы бинонты
закъондæттæг статус. Уымæй уæлдай дзы æркæсын хъæуы, национ хъомыладмæ
бар чи дары, ахæм хицæн пункттæм.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania