филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:34 суббота, 21 сентября 2024
30 ноября 2012, 09:19
Паддзахадон Думæйы депутат Æгъуызарты Тамерланæн уыд фембæлд республикæйы цæрджытимæ

Алыхуызон фарстатимæ йæм æххуысагур æрбацыдысты 30 адæймаджы.

Цы хъуыддæгтæ сæ тыхсын кæнынц, уыдонæн сæ фылдæр алыг кæнæн уыди раздæр

Алыхуызон фарстатимæ йæм æххуысагур æрбацыдысты 30 адæймаджы.

Цы хъуыддæгтæ сæ тыхсын кæнынц, уыдонæн
сæ фылдæр алыг кæнæн уыди раздæр, фæлæ цæмæдæр гæсгæ, афоныл æххæстгонд
не рцыдысты. Æрбацæуджытæн ма сæ фæстаг ныфс у Æгуызарты Тамерлан.

Цæрыны уавæртæ фæхуыздæр кæнын, пенситы
æмæ льготæтæм бафтауын, куыст ссарын, санаторитæм путевкæтæ самал кæнын,
зæххы хай арендæйы райсын, тæрхондоны пъырыстыфты куыстмæ æркæсын, ахæм
сты, УФ-йы президенты исæнуатмæ чи æрбацыд, уыцы адæмы хъæстытæ æмæ
фарстатæ.

Паддзахадон Думæйы депутат Æгъуызарты Тамерлан алкæмæ дæр бæстон байхъуыста æмæ сын зæрдæ бавæрдта баххуыс кæнынæй.

Æгъуызарты Тамерлан, Паддзахадон Думæйы
депутат: «Адæм цы фарстатимæ æрбацыдысты, уыдон алыхуызон сты: кæй ахуыр
кæнын фæнды, фæлæ йын фадат нæй, кæй кæдæмдæр ацæуын, кæй йе
нæниздзинад фæхуыздæр кæнын. Æз, мæ бон куыд у афтæ, æххуыс кæндзынæн
республикæйы цæрджытæн. Республикæйы хицауадимæ иумæ кусдзыстæм, кæд
Паддзахадон Думæйы депутаты æххуыс бахъæуа, уæд уыдонимæ дæр æмгуыст
кæндзыстæм».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania