филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:52 суббота, 21 сентября 2024
30 ноября 2012, 12:19
Инвалидтæн арæзт æрцыд семинар

Дзæуджыхъæуы ахуыргæнджыты фæлтæрддзинад фылдæргæнæн институты абон ацыд семинар сахъат сывæллæтты ныййарджытæн. Ахуырты нысан у, бинонтæн психологон æгъдауæй баххуыс кæнын æмæ хорз ахастдзинæдтæ фидар кæнын.

Дзæуджыхъæуы ахуыргæнджыты фæлтæрддзинад фылдæргæнæн институты абон ацыд семинар сахъат сывæллæтты ныййарджытæн.

Ахуырты нысан у, бинонтæн психологон æгъдауæй баххуыс кæнын æмæ хорз ахастдзинæдтæ фидар кæнын.

Семинар саразыныл бакуыстой республикæйы
экономикон рæзты министрады гранты æхцайæ. Æрбахуыдтой йæм специалисты
Мæскуыйæ æмæ регионалон-æхсæнадон организаци «Перспектива»-йæ. Семинары
цы тренингтæ арæзт цæудзысты, уым сæрмагонд хъазты хуызы ныййарджытæн
амондзысты министрадты, ведомствæты æмæ æндæр бæрнон кусæндæтты хи куыд
дарын хъæуы, цавæр гæххæттытæ бацæттæ кæнын хъæуы, кæм цы æххуыс сæ бон
райсын у, уый. Сæйрагдæр та у, ныййарджыты ныфс бауадзын. Цæмæй йæ зоной
сæ уавæрыл иннæтæ дæр кæй тыхсынц, иунæг кæй не сты, уый. Тренингтæ
цæудзысты 4 боны.

Дриаты Зинæ: «Ахæм тренингтæ нын кæй
аразынц, уый тынг хорз у. Æз мæхæдæг дыууæ рынчын сывæллоны мад дæн. Æмæ
мын æппæт риссаг фарстатæ æнæзонгæ не сты. Хъуамæ алчидæр бамбара,
рынчын сывæллон иннæтæй æппындæр ницæмæй хицæн кæны. Уырыссагау сæ
хонынц «дети с ограниченными возможностями»… Æмæ мах сывæллæттæн дæр
хъуамæ бар уа иннæты æмхуызон ахуыр кæнын скъолаты. Хæдзармæ сæм куыд нæ
цæуой, фæлæ. Мæнæн хъыг вæййы рынчын сывæллæтты сахъат куы фæхонынц,
уæд. Уыдон рынчын сты æмæ сæ бон у иннæты хуызæн ахуыр кæнын дæр,
скъоламæ дæр цæуын, алыхуызон мадзæлтты дæр архайын».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania