филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:44 суббота, 21 сентября 2024
03 декабря 2012, 09:40
Фæкæсынхъуаг бинонты хæдзæрттыл арæзт æрцыд рейд

Фæкæсынхъуаг бинонты хæдзæрттæн зынгсирвæзтытæй тæссаг у, æви нæ, уый сбæрæг кæныны тыххæй арæзт æрцыд æнæнхъæлæджы цауты министрады æмæ пъæлицæйы иумæйаг рейд.

Фæкæсынхъуаг бинонты хæдзæрттæн
зынгсирвæзтытæй тæссаг у, æви нæ, уый сбæрæг кæныны тыххæй арæзт æрцыд
æнæнхъæлæджы цауты министрады æмæ пъæлицæйы иумæйаг рейд.

Зынгсирвæзтытæм цæстдарды службæйы
кусджытæ раиртæстой бирæ закъонхæлдтытæ. Уæлдай арæхдæр фыдбылыз æрцæуы,
электрон телтæ, хъармгæнæн системæ æмæ хиконд пецтæ æдасдзинады
домæнтæн дзуапп кæй нæ фæдæттынц, уый аххосæй. Хæдзæртты хицæуттæн
æнæнхъæлæджы цауты министрады специалисттæ бахæс кодтой, хæстæгдæр
рæстæг аиппдзинæдтæ аиуварс кæнын, радтой сын, æдасдзинады домæнтæ кæм
сты, ахæм чингуытæ, сæ сывæллæттæн та уыцы темæимæ баст ирд ахорæнæй
конд нывтæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania