филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:50 суббота, 21 сентября 2024
03 декабря 2012, 15:19
Горæтгæрон районы ацыд Тедеты Елхъаны номарæн æппæтуæрæсеон гом турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй

Ерыстæ байгом кодта фæсивæды хъуыддæгты, физкультурæ æмæ спорты министр Келехсаты Рустем. Се спортивон арæхстдзинад æвдыстой 300 богалы Цæгат Ирыстонæй, Цæгат Кавказы республикæтæй, стæй Хуссар Ирыстонæй, Азербайджанæй æмæ Абхазийæ.

Ерыстæ байгом кодта фæсивæды хъуыддæгты,
физкультурæ æмæ спорты министр Келехсаты Рустем. Се спортивон
арæхстдзинад æвдыстой 300 богалы Цæгат Ирыстонæй,

Цæгат Кавказы республикæтæй, стæй Хуссар Ирыстонæй, Азербайджанæй æмæ
Абхазийæ. Ерыстæ цыдысты 11 уæзонты *хсæн. Тедеты Елхъан уыд зындгонд
спортсмен. Ирон богæлттæй Европæйы чемпион фыццаг чи сси, уыдонæй иу уыд
Елхъан. Йæ номыл турнир арæзт æрцыд ныр 12-æм хатт.

Киситы Юрий, УФ-йы сгуыхт тренер: «Зонын
Елхъаны, куыд хорз адæймаг, хорз æмбал. Ирыстоны спортуарзджытæ, уымæй
фылдæр никæй уарзтой. Ахæм приемтæ æвдыста, æмæ йæ ныхæмæлæууæг нæ
зыдта, цы сын скæндзæн, уый. Уыдис хъæлдзæг адæймаг. Фæсивæд æй бирæ нæ
зонынц, фæлæ хистæртæ ныр дæр йæ кой кæнынц, æмæ никуы ферох уыдзæн йæ
кой».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania