филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:35 суббота, 21 сентября 2024
03 декабря 2012, 15:25
Дзæуджыхъæуы алыварс цы æнæзакъон бырондæттæ фæзынынц

Дзæуджыхъæуы алыварс цы æнæзакъон бырондæттæ фæзынынц, уыдоны нымæц азæй-азмæ кæны фылдæр – ахæм хатдзæгтæ скодтой æрдзмæ цæстдарды службæйы кусджытæ.

Бæрæггонд куыд у, афтæмæй алы райсом дæр Дзæуджыхъæуы коммуналон службæтæ

 Дзæуджыхъæуы алыварс цы æнæзакъон
бырондæттæ фæзынынц, уыдоны нымæц азæй-азмæ кæны фылдæр – ахæм хатдзæгтæ
скодтой æрдзмæ цæстдарды службæйы кусджытæ.

Бæрæггонд куыд у, афтæмæй алы райсом дæр
Дзæуджыхъæуы коммуналон службæтæ æфснайынц горæты уынгтæ, фæлæ рацæуы
цалдæр сахаты æмæ та куы иу ран, куы иннæ ран февзæрынц бырæтты обæуттæ.
Цæрджытæ сæ сæхæдæг ныууадзынц рухсгæнæн телы хъæдты æмæ бæлæсты раз,
фæндаджы был. Паркты æмæ скверты та ацæуæн нал вæййы алыхуызон нозты
æвгтæй æмæ æндæр быронæй.

Уавæр зонгæйæ, æрдзмæ цæстдарды службæйы
кусджытæ сарæзтой рейд. Сæ ныхæстæм гæсгæ, иннæ риссаг фарста ма уый у,
æмæ бирæтæ сыфтæ кæй ссудзынц, уый. Афтæмæй та сæ фæздæг стыр зиан
хæссы адæмы æнæниздзинадæн. Уымæ гæсгæ сæ хъæуы афоныл ласын. Уæвгæ уыцы
куыст дæр цæуы, фæлæ уæддæр уавæр хуыздæр нæ кæны.

Æрдзмæ цæстдарды службæйы кусджытæ сæ
хъус дарынц ацы хъуыддагмæ, бæрæг кæнынц аххосджынты. 1000 сомæй 100 000
соммæ иваргонд æрцæуынц цæрджытæ дæр, куыстуæттæ æмæ организацитæ дæр.
Фæлæ службæйы кусджытæ се ппæтыл не ххæсынц æмæ курæг сты адæмæй, цæмæй
горæты сыгъдæгдзинадмæ куыдфæндыйы цæстæй ма кæсой.

Миндзайты Алан, РЦИ-Аланийы
æрдзхъахъхъæныны комитеты паддзахадон инспектор, специалист-эксперт:
«Мæнæ ацы бынат раздæр уыд завод «Янтарь»-ы бæрны. Нымад уыд санитарон
фæзуатыл. Кусджытæм йæм зылдысты кастысты йæм. Уыд сыгъдæг. Ныртæккæ та
йæм бакæсут… Фæстаг рæстæг заводты куыст куы бамынæг, уæдæй фæстæмæ
бæстыхæйтты алыварс фылдæр хатт вæййы æнæзылд. Ам дæр афтæ. Цы хуызæн
сси, уый уæхæдæг уынут. Æмæ мæ фæнды зæгъын адæмæн, уæлдайдæр та
фæсивæдæн. Ам уæ фæллад кæй суадут, уый хорз у. Фæлæ ма сымах фæстæ дæр
ардæм адæм æрбацæуы, уый рох ма кæнут. Зын куы нæу, цы бырон баззайы уæ
фæстæ, уый пакеты сæмбырд кæн æмæ йæ фæстæмæ цæугæйæ сæрмагонд урнæйы
ныппар. Ам уадзын мæ хъæуы дзæкъултæ. Цæмæй нæ алыварс уа сыгъдæг».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania