филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:27 суббота, 21 сентября 2024
04 декабря 2012, 15:59
Уæдмæ та уал Дзæуджыхъæуы цæрджытæм æнхъæлмæ кæсынц транспорты куысты ивддзинæдтæ

Уæдмæ та уал Дзæуджыхъæуы цæрджытæм æнхъæлмæ кæсынц транспорты куысты ивддзинæдтæ. Бæлвырддæр зæгъгæйæ та, горæты цы маршрутон такситæ кусынц, уыдонæй 3-æм æмæ 29-æм маршруттæ æрцæудзысты ист.

Уæдмæ та уал Дзæуджыхъæуы цæрджытæм æнхъæлмæ кæсынц транспорты куысты ивддзинæдтæ.

Бæлвырддæр зæгъгæйæ та, горæты цы маршрутон такситæ кусынц, уыдонæй 3-æм æмæ 29-æм маршруттæ æрцæудзысты ист.

Дзæуджыхъæуы цæрджытæ уыимæ разы не сты. Маршрутон такситы шофыртæ дæр тох кæнынц, цæмæй сын сæ куысты фæтк ма ивой, ууыл.

Дзæуджыхъæуы администрацийы та дæттынц дзуапп – горæты транспортон хызæг ивд цæуы адæмы æнцойдзинадæн.

Гвардейскийы уынджы цæрджытæн куыстæй сæ
хæдзæрттæм ныццæуæн ис æрмæстдæр 3-æм маршрутыл. Горæты уыцы хайæ
центрмæ чи цæуы, у иунæг ахæм маршрутон такси. Æмæ тынг тыхсынц, куы йæ
айсой, уæд куыд цæудзысты, ууыл.

Зыгъуытаты Тамарæ: «Тынг уæ курæм цæмæй
3-æм маршрут ма сисой. Базармæ дæр дзы цæуæм, горæты иннæ рæттæм дæр.
Уæдæ шофыртæм дæр ницы аипп æрхæссæн ис. Стæй ма 12 сомы бæсты фидæм 10
æмæ уый дæр махæн нæ зæрдæмæ цæуы. Тынг нæ фæнды цæмæй ацы маршрут уа,
макуыдæм йæ аивой».

Æхполæтты Аллæ, ЦИПУ-йы студенткæ: «Æз
студенткæ дæн æмæ мын университетмæ цæуынæн 29-æм маршрут тынг ахъаз у.
Йæ фæндаг автовокзалы рæзты кæй цæуы, уый мæнæн дæр æмæ иннæтæн дæр хорз
у. Уæдæ йыл цæуыны аргъ 10 сомы йеддæмæ кæй нæу, уый мæн хуызæн
студенттæн уæлдай зæрдæмæдзæугæ хъуыддаг у. Студентмæ уæлдай æхца кæм
вæййы æмæ сæ фылдæр хай сæрмагондæй фенхъæлмæ кæсынц 29-æм маршрутмæ».

Сæвзæрд уавæрæй маршрутон такситы
шофыртæ цæрджытæй къаддæр нæ тыхсынц. Бирæтæ сæ тæрсынц, маршруттæ ист
куы æрцæуой, уæд сæ ног куыст агурын кæй бахъæудзæн, уымæй. Уый та æнцон
хъуыддаг нæу. Рахастой уынаффæ Дзæуджыхъæуы администрацимæ курдиат
ныффыссыны тыххæй. Бафыстой йæ 2000 адæймагæй фылдæр.

Дзæуджыхъæуы администрацийы транспорты
управленийы разамынд дæтты дзуапп – ногдзинæдтæ фенцондæр кæндзысты
цæрджыты уавæр, зæгъгæ. Æнцондæр сын уыдзæн транспортæй пайда кæнын. Цы
маршруттæ исынц, уыдоны бæсты та кæй фæзындзысты ногтæ. Хуыздæртæ.

Гæздæнты Мурат, Дзæуджыхъæуы
администрацийы транспорты хайады управленийы хицау: «Транспортон хызæгæй
исæм уыцы номыртæ, иннæты маршруттимæ æмхуызон чи у. Кæнæ та уыцы иу
маршруттыл чи цæуы. Ныр се ппæтмæ дæр кæсæм, уæд дзы дæргъвæтиндæр чи у,
уыдон ныууаддзыстæм».

Куыд фæбæлвырд кодтой, афтæмæй 3-æм
номыры бæсты фæзындзæн ног 12-æм маршрут. Цæудзæн Заводскойæ Южныймæ.
29-æм маршруты бæсты та ныридæгæн дæр кусын райдыдта 52-æм маршрут. Ис
ма ахæм фиппаинаг дæр: ныртæккæ ацы маршрутыл кусынц 50 машинæйы.
Байдзæйдзæн дзы æрмæстдæр 28. Фæлæ шофыртæй иу дæр йæ куыстæй нæ
фæхаудзæн. Кæй фæнда, уыдонæй дзы алкæимæ дæр фыст æрцæудзæн бадзырд.

Ныр ма уал 3-æм æмæ 29-æм маршруттæ кусынц се рвылбоны фæткмæ гæсгæ. Фæлæ ма цас рæстæг ахæсдзысты, уый зын зæгъæн у.

Транспорты управленийы æнхъæлмæ кæсынц ног автобустæм æмæ куыддæр фæзыной, афтæ рацæудзысты фæндæгтæм.

Зыхъуаты Жаннæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania