филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:49 суббота, 21 сентября 2024
05 декабря 2012, 09:15
Интернеты фæзынд акци, бæхты театр «Нартæн» баххуыс кæныны тыххæй

Кæддæр йæ ном дæрддыл кæмæн айхъуыст, уыцы бæхты театр «Нартæ» ныр хи хъарутæй куыстхъом нал у. Цавæрдæр аххосæгтæм гæсгæ, сфæлдыстадон къорды архайд фæмынæг. Иуæй сын бынат дæр нæй, иннæмæй та – фæрæзтæ.

Кæддæр йæ ном дæрддыл кæмæн айхъуыст,
уыцы бæхты театр «Нартæ» ныр хи хъарутæй куыстхъом нал у.

Цавæрдæр аххосæгтæм гæсгæ, сфæлдыстадон къорды архайд фæмынæг. Иуæй сын
бынат дæр нæй, иннæмæй та – фæрæзтæ. Афтæмæй та театр у ирон адæмы
æгъдæуттæ æмæ культурæйы бындурыл арæзт. Фæлæ цыфæнды зынæй дæр
артисттæн сæ ныфс нæ сæтты. Уырны сæ, чи сын баххуыс кæна, ахæм адæм кæй
разындзæн, æмæ та театр раздæрау Ирыстоны зæххыл циндзинад кæй таудзæн,
уый.

Нарты театры бæхты труппæйы разамонæг
Пагæты Алик ам кусы театрæн бындур æвæрд куы æрцыд, уæдæй нырмæ. Йæхæдæг
куыд зæгъы, афтæмæй хорз хъуыды кæны сфæлдыстадон къорды æнтыстдзинæдтæ
æрмæст республикæйы нæ, фæлæ æнæхъæн бæстæйыл хъуыстгонд кæй уыдысты,
уый. Æмæ ныр, æмбал кæмæн нæй, уыцы театр зындзинæдтæ кæй æййæфы, уый
артисттæн тынг зын у. Фæлæ уæддæр сæ ныфс нæ сæтты. Æмæ æууæндынц сæ
уарзон Нарты рæсугъд фидæныл.

Театрæн уæлдай зындæр рæстæджытæ уыди
2008-æм азы. ныхас цыд йæ сæхгæныныл. Уæд республикæйы культурæ æмæ
дзыллон коммуникациты министрад, стæй театры аивадон разамонæг Гæлæуты
Асланы фæрцы Нарты куыст сног. Фæлæ раздæры хуызæн сæ бон архайын нæк,
уымæн æмæ сын нæ фаг кæны фæрæзтæ. Сæ уавæр сын иу гыццыл фæрогдæр
кæныны тыххæй Мæскуыйы цæрæг ирæттæ сарæзтой сайт «Нартæ цæрдзысты».

Сайт цалдæр боны йеддæмæ нæма куыста,
афтæмæй се ххуысы хай бахæссынмæ цæттæ уыдысты театры фидæнмæ куыд
фæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, бирæ ахæм адæм. Артисттæн æххуыс кæнынц,
зæрдиагæй.

Сайт кæй байгом, уыцы хабар тынг
æхсызгон уыд æртисттæн. Фæзынди сæм ныфс театры йæ къахыл кæй слæудзæн,
уымæй. Æмæ та Нартæн фадат уыдзæн нæ рагфыдæлты куыльтурæ æмæ æгъдæуттæ
аивады фæрцы парахат кæнынæн. хæрзаудæн марафон чи сарæзта, уыдон дæр
уырны сæ зæрдиаг архайд дзæгъæлы кæй нæ фæуыдзæн, уый. Разындзæн ахæм
адæм, æмбал кæмæн нæй, уыцы театрæн чи баххыс кæна, æмæ Нарты
хъуыстдзысты дæрддтыл.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania