Амыдта йæ йæ сæрдары фыццаг хæдивæг Къесаты Станислав. Боны фæткмæ рахастой 55 фарстайы.
Æрдзырдтой республикæйы Конституцимæ ивддзинæдтæ бахæссыныл
Амыдта йæ йæ сæрдары фыццаг хæдивæг Къесаты Станислав. Боны фæткмæ рахастой 55 фарстайы.
Æрдзырдтой республикæйы Конституцимæ
ивддзинæдтæ бахæссыныл. Парламенты æмбырды ма æркастысты «Уагæвæрд халæн
митæн административон æгъдауæй дзуапп дæттыны» тыххæй закъонмæ
ивддзиндтæ бахæссыныл. Зæгъæм, нозтджын шофыры дохтыртæ сбæрæг кæной,
ууыл куы нæ разы кæна, уæд æййафдзæн карздæр æфхæрд. Фидæн азы бюджеты
проектыл дзургæйæ, Советы уæнгтæ загътой, æфтиæгтæм дæр, хæрдзтæм дæр
фарстатæ бирæ кæй ис, æмæ сыл Парламенты æмбырды бæстонæй æрдзурдзысты.
Æркастысты ма, хъæдтæй пайда кæныны, стæй хауæдздзæгтимæ кусыны
фарстатимæ баст закъонты проекттыл. Цалдæр фарстайы баст уыдысты сидзæр
сывæллæтты бартæ хъахъхъæнынимæ, стæй рæзгæ фæлтæры æнæзакъон митæй
хизынимæ. Цæрæнуæтты арæзтады рæзтæн хъуамæ фæахъаз уа, цæрæнуæтты
кооперативтимæ баст федералон закъон. Парламенты Совет растыл цы
ивддзинæдтæ банымадта, уыдоны фæрцы, цæрæнуæтты-арæзтадон кооперативты
уæнгтæй сæ бон уæвын кæмæн у, уыдоны номхыгъд фæуæрæхдæр уыдзæн.
Гулаты Æхсарбег, РЦИ-Аланийы Парламенты
цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад æмæ арæзтадон политикæйы комитеты сæрдар:
«Нырмæ закъоны ахуырады кусджытæ нысангонд нæ уыдысты. Ацы закъоны
фæрцы та цæрæнуæтты кооперативты ахуыргæнджытæн дæр сæ бон архайын
уыдзæн. Сæхицæн сæ бон уыдзæн зæхх райсын, къазнамæ нал æнхъæлмæ
кæсдзысты, æмæ уый руаджы квадратон метры аргъ кæндзæн асламдæр, уымæн
æмæ сæхæдæг архайдзысты».




