филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:25 воскресенье, 01 февраля 2026
06 декабря 2012, 15:23
Нузалы аргъуан саразыныл архайы хицауадон къамис

Ацы хъуыддагмæ сæ хъус æрдардтой, фыдæлты историмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, уыцы адæм. Арæзт æрцыд сæрмагонд къамис. Абон йæ уæнгтæ бабæрæг кодтой аргъуан, æмæ бынаты æрдзырдтой цавæр куыст бакæнын хъæуы, ууыл.

Ацы хъуыддагмæ сæ хъус æрдардтой, фыдæлты историмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, уыцы адæм. Арæзт æрцыд сæрмагонд къамис.

Абон йæ уæнгтæ бабæрæг кодтой аргъуан, æмæ бынаты æрдзырдтой цавæр куыст бакæнын хъæуы, ууыл.

Сæрмагонд къамисы хыгъды сты алы
къабæзты минæвæрттæ: Федерацийы Советы сенатор Хацъæты Олег, культурæйы
æмæ дзыллон коммуникациты министр Хæбæлаты Фатимæ, Парламенты депутат
Гуситы Игорь, Хъуыссæты Мæирбег æмæ æндæр амалхъом адæм. Сæ архайды
нысан у историон цыртдзæвæн бахъахъхъæныныл иумæйагæй бакусын, аргъуанæн
йæ архитектурон хуыз куыд нæ бахъыгдарой, афтæмæй.

Хæбæлаты Фатимæ, РЦИ-Аланийы культурæйы
æмæ дзыллон коммуникациты министр: «Хъуамæ мах кæрæдзийы фарсмæ
æрлæууæм, нæ тыхтæ баиу кæнæм. Ацы аргъуанæн фесæфæн нæй. Уый æнæмæнг у.
Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ алы ирон адæймагæн дæр уыдзæн æхсызгон, Нузалы
аргъуаны мах хорз хабæрттæ куы бакæнæм, уæд».

Къамисы уæнгтæм ис стыр фæндтæ: аргъуаны
алыварс саив кæнын, базилын бæлæстæм. Ацы хъуыддагыл бацархайдзысты
уалдзæджы. Снысан кодтой, ныридæгæн æнæмæнг бакæнын кæй хъæуы, уыцы
куыстытæ дæр.

Къамисы сæйраг хæс у – аргъуан
бахъахъхъæнын зымæгон уазæлттæй. Снысан кодтой куысты пълан. Аргъуанæй
иу метр æддæдæр ныссаддзысты цæджындзтæ æмæ сараздзысты æмбæрзæн
лексанæй. Куыстытæ райдайдзысты а дыууæ боны».

Ныртæккæ къамисы хыгъды ис 10 адæймаджы бæрц. Фæлæ ацы стыр хъуыддагмæ йе ххуысы хай бахæссын у алкæйы бон дæр.

Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania