Уæрæсейы слестгæнæн комитеты сæрдар Александр Бастрыкин Кæсæг-Балхъары цы оперативон æмбырд сарæзта, уым бахæс кодта, тележурналист Казбек Геккиевы чи амардта, уыдоны хæстæгдæр рæстæг сбæрæг кæнын.
Уæрæсейы слестгæнæн комитеты сæрдар Александр Бастрыкин Кæсæг-Балхъары цы оперативон æмбырд сарæзта, уым бахæс кодта,
тележурналист Казбек Геккиевы чи амардта, уыдоны хæстæгдæр рæстæг сбæрæг кæнын.
Байхъуыста слестгæнæн-оперативон къорд
ныридæгæн цы куыст бакодта, уый хатдзæгтæм. Æмбырды архайдтой Уæрæсейы
слестгæнæн комитеты Цæгат Кавказы федералон зылды управленийы
разамонджытæ, слестгæнджытæ, криминалисттæ, стæй
æдасдзинадхъахъхъæнынады æмæ мидхъуыддæгты министрады кусджытæ. Уæ
зæрдыл уын лæууын кæнæм, Кæсæг-Балхъары телеуынынады информацион
программæты амонæг Казбек Геккиевы амардтой æндæрæхсæв Налцыччы.
Журналисты æмкусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй Казбекмæ æмæ Кæсæг-Балхъары
æндæр дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæм сæ профессионалон архайды
тыххæй æртхъирæн кодтой фыдгæнджытæ.




