Архайдтой дзы нæ федералон зылды закъондæттæг оргæнты æппæт разамонджытæ. Цæгат Ирыстонæй дзы уыд Алексей Мачнев. Æмбырды райдианы йын йæ ног куысты бынаты тыххæй раарфæ кодта Дагестаны президент Магомедсалам Магомедов.
разамонджытæ. Цæгат Ирыстонæй
дзы уыд Алексей Мачнев. Æмбырды райдианы йын йæ ног куысты бынаты тыххæй
раарфæ кодта Дагестаны президент Магомедсалам Магомедов. Йæ зæрдæ йын
загъта ног æнтыстдзинæдтæ. Нæ республикæйы парламенты сæрдар
конференцийы цы дыууæ хъæппæрисы бавдыста, уыдоныл се ппæт дæр сразы
сты. Сæ иу баст у хъармдæттыны тыххæй закъонимæ. Цæгат Ирыстоны
депутаттæ куыд зæгъынц, афтæмæй бирæфатерджын хæдзæртты цæрджытæ хъуамæ
сæхæдæг æвзарой, цавæр уæлæмхасæн хъармгæнæнтæй пайда кæнæн ис, уый.
Иумæйаг хъармгæнæнтæн арæх фæхъæуы уæлæмхасæн æхца фидын. Æмæ уый се
ппæты бон нæу.




