филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:42 вторник, 16 декабря 2025
10 декабря 2012, 09:23
Къостайы проспекты 269-æм хæдзары цæрджыты тыхсын кæны, сæ пъадвал донæй кæй байдзаг, уый

Фатерты пъолтæ æмæ къултæ уымæл кæнынц. Уыимæ ма хæдзары æдзухдæр кæны æвзæр тæф. Ахæм уавæры сты иу мæйы бæрц. Коммуналон службæтæм цы курдиæттæ арвыстой, уыдон сын нæ баххуыс кодтой.

Фатерты пъолтæ æмæ къултæ уымæл кæнынц. Уыимæ ма хæдзары æдзухдæр кæны æвзæр тæф. Ахæм уавæры сты иу мæйы бæрц.

Коммуналон службæтæм цы курдиæттæ арвыстой, уыдон сын нæ баххуыс кодтой.

Афтæ Любовь Глазнова тох кæны, йæ фатеры
цы æвзæр тæф кæны, уыимæ. Иу мæймæ балхæдта æртыккаг уæлдæф
сыгъдæггæнæн. Æдзух рудзгуытæ гомæй кæй дары, уый тыххæй та арæх рынчын
кæны.

Любовь Глазнова, хæдзары цæрæг: «Нæ бон
ахæм уавæрты цæрын нал у. Ам ис сывæллæттæ. Нæ хистæртæн сæ бон æддæмæ
рацæуын нæу. Æдзух æвзæр тæф кæны».

Ахæм тæфы ахоссаг у – пъадвалы цы дон
ис, уый. Хæццæ кæны фыццаг къæсæрмæ. Къостайы проспекты 269-м хæдзары
цæрджытæ коммуналон службæтæм бирæ хатт лæвæрдтой курдиæттæ, фæлæ ныры
онг уавæр нæ аивта. Хæдзарæн дзуаппдæттæг управленийы куыд дзурынц,
афтæмæй пъадвалмæ дон цæуы уынджы канализацийæ, уымæ гæсгæ ацы фарста
уыдонмæ нæ хауы.

Чеджемты Алан: «Нæ бон цы у, уый бакодтам. Бадзырдтам администрацимæ, радтой нын дзуапп, араздзыстæм».

9-уæладзыгон хæдзары ис 54 фатеры. Сæ фылдæры цæрынц хистæр кары адæм. Бирæтæ сæ пъадвалы æфснайынц сæ хойрæгтæ.

Ацы хæдзар районы у зæронддæртæй иу.
Адæм дзы цæрын райдыдтой 1968-æм азы. Йæ канализаци иннæ хæдзæрттимæ
абаргæйæ арæзт у бындæр. Уымæ гæсгæ, уынгты цы канализацион хæтæлтæ
цæуынц, уыдон куы байдзаг вæййынц, уæд дон ныккæлы ацы хæдзары
пъадвалмæ.

Горæты администрацийы куыд бамбарын
кодтой, афтæмæй ахæм уавæр сæвзæрд, коллекторыл цас æмбæлы, уымæй фылдæр
куыст æвæрд куы æрцæуы, уæд. Ныртæккæ специалисттæ архайынц, куысты
кæцыдæр хай æндæр коллекторыл æвæрд цæмæй æрцæуа, ууыл. Зæрдæ бавæрдтой,
269-æм хæдзары фарста дæр кæй аиуварс кæндзысты, уымæй.

Теместы Тамерлан, Дзæуджыхъæуы
администрацийы цæрæн-коммуналон хæдзарады комитеты хайады хицауы
хæдивæг: «А дыууæ боны бауынаффæ кæндзыстæм, хæдзæрттæм чи зилы, уыцы
компаниимæ, цæмæй пъалвал бахус кæной. Гом цы бынæттæ сты, уыдон сцалцæг
кæной, уыцы дæттæ куыд нæ хауой. Адæммæ дæр курæг стæм, цæмæй
коллектортæм дзæгъæд бырон ма калой». Уыцы куыстытæ чи кæны, уый афтæ
зæгъы, суанг, дам, ма дзы дуртæ дæр сластам».

Цæрджытæ сæ зæрдæ дарынц, иу мæйы дæргъы
сæ цы фарста тыхсын кодта, уый, æцæйгдæр, хæстæгдæр рæстæг кæй аиуварс
кæндзысты, ууыл. Уымæн æмæ зымæгон уазæлтты гом рудзгуытимæ цæрæн нæй.

Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania