филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:42 вторник, 16 декабря 2025
11 декабря 2012, 15:38
Фыййаджыбылы цæрджытæ сты æнæ дон æмæ рухсæй

Знонæй фæстæмæ Фыййаджыбылы цæрджытæ уыдысты æнæ дон æмæ æнæ рухс. Скъола æмæ рæвдауæндон дæр нæ куыстой. Сывæллæтты арвыстой сæ хæдзæрттæм. Цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй рухс ахуыссын кодтой цалцæггæнæн куыстыты тыххæй.

Знонæй фæстæмæ Фыййаджыбылы цæрджытæ
уыдысты æнæ дон æмæ æнæ рухс. Скъола æмæ рæвдауæндон дæр нæ куыстой.
Сывæллæтты арвыстой сæ хæдзæрттæм.

Цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй рухс ахуыссын кодтой цалцæггæнæн куыстыты
тыххæй. Æнæ донæй та баззадысты иуæй-иу фæлхасгæнджыты аххосæй. Изæрæй
хъæуы цæрджытæм рухс фæзынд, фæлæ дон, раздæрау. нæй. Уавæр сбæлвырд
кæныныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд.

Фыййаджыбылы цæрæг Гайттаты Албегæн знон
сæмæрайсом дон сæмбырд кæнын бантыст. Ныр дзы пайда кæны
фæстауæрцгæнгæйæ, цæмæй йын итсæйы фаг суа, уый тыххæй. Йæ хæдзары ис
ацæргæ ныййарджытæ. Гайттаты бинонтæ коммуналон лæггæдтæн фиды
æнæкъуылымпыйæ. Уымæ гæсгæ æнæ донæй баззайдзысты, уый æнхъæл нæ
уыдысты.

Æнæ дон æмæ рухсæй Фыййаджыбылы
баззадысты 200 хæдзары. Дондзæуæн хæтæл сæхгæдтой боныцъæхтыл, æмæ
бирæтæ сывæллæттæн хæринаг скæнæн дæр сæ къухы нал бафтыд.

Скъолайы æмæ рæвдауæндоны ахуыртæ ивд æрцыдысты. Æмæ æнæрадон каникултæ цас ахæсдзысты, уый бæрæг нæу.

Электрон тых ахуыссын кодтой цалцæг
кæнæн куыстыты тыххæй. Æмæ знон изæры рдæм хъæуы рухс ссыгъди. Фæлæ доны
уавæр афтæ æнцонтæй сраст кæнын нæу. Куыд рабæрæг, афтæмæй донæн
фæлхасгæнджытæ сеппæт нæ фидынц. Уый ахоссæй, доныхæдзарад хæстæ дæр
«Севкавэнерго»-йæн лæггæдтæн сбирæ сты. Цæрджытæн уавæр цалдæр хатты куы
фехъусын кодтой, уæд дон ахуыссын кодтой.

«Севкавэнерго»-йы пресс-секретарь
Магкеты Хъазыбег куыд зæгъы, афтæмæй хъæуы цæрджытæ куыстуатæй хæс
дарынц 600 мин сомы. Алыхуызон мадзæлтты фæрцы сын сæ дон нæ хуыссын
кодтой, хъуыддæг фæстæдæр кодтой, фæлæ иуæй иутæ коммуналон лæггæдтæн
фидын кæй нæ фæнды, уыиæ гæсгæ, иннæнæ дæр сты æнæ донæй. Хъæуы 200
бинонтæй хæсджынтæ сты 48-æй. Бынæттон администрацийы зæгъынц, закъонмæ
гæсгæ æрæмæст закъонхалджыты бафхæрынæн фадат кæй нæй, уый. Хæс иууылдæр
куы бафидой, уæд доныхæдзарад радтæн уыдзæн лæггадгæнæн компанийæн,
уымæн та йæ бон уыдзæн донæн чи нæ фида, æрмæст æй уыдонæн хуыссын
кæнын. Фæлæ ныртæккæ та æнаххос адæмæн цы кæнгæ у, уыймæн дзуапп радтын
никæйы бон у.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania