филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:42 вторник, 16 декабря 2025
12 декабря 2012, 09:46
«Ираф-Агро» у сæ фæзминагдæртæй иу

Куыд республикæйы æппæт районты, афтæ Æрæфы районы фермерон хæдзарæдтæ дæр сæ фæззыгæндтæ бафснайдтой æмæ зымæгмæ æнхъæлмæ кæсынц æнæзæрдæхсайгæйæ. «Ираф-Агро» у сæ фæзминагдæртæй иу.

Куыд республикæйы æппæт районты, афтæ
Æрæфы районы фермерон хæдзарæдтæ дæр сæ фæззыгæндтæ бафснайдтой æмæ
зымæгмæ æнхъæлмæ кæсынц æнæзæрдæхсайгæйæ.

«Ираф-Агро» у сæ фæзминагдæртæй иу. Фæстаг рæстæг экономикон кризис бирæ
куыстуæтты рæзт фæкъуылымпы кодта æмæ сæ бæллицтæ сæ къухы нал
бафтыдысты. Иуæй-иутæ нæ фæцудыдтой. Хъыгагæн афтæ зæгъæн нæй Æрæфы
районы фæзминагдæр хæдзарæдтæй иу, Ираф-Агройæ. Йæ æхсыры куыст дзæвгар
фæкъаддæр, фæлæ сæ уырны, сæ хъуыддæгтæ зæрдæйы фæндонмæ гæсгæ кæй
уыдзысты, уый.

Сæбанты Тасолтан,фермерон хæдзарад
«Ираф-Агро»-йы директор: «Æхсыр нæм ныртæккæ бирæ нæй. Уалдзæгмæ нæ
фæнды нæ хъомтæ фæфылдæр кæнын æмæ уæд нæ хъуыддаг фæхыздæр уыдзæн.
Зымæгмæ цæттæ стæм. Фосæн холлаг фаг бацæттæ кодтам».

Сарыстыр сты сæ фæззыгон бæркадæй, стæй
афойнадыл быдыртæ бафснайын сæ къухы кæй бафтыд, уымæй. Уымæй уæлдай сæ
сæйраг хъуыды у, уалдзæгмæ хæдзарад техникæйæ сæххæст кæнын. Ныртæккæ
хæдзарад фылдæр æргом раздæхта фыстæ дарыны куыстмæ, æмæ сын æнтысгæ дæр
кæны. Цыбыр рæстæгмæ сæ 115 фысы схæццæ сты 700-мæ.

Гетъоты Генади, фосы дохтыр: «Уарыччытæ
нæм фæзындзæн мæйы кæронмæ. Ныртæккæ нæ фыстæ хорз уавæры сты. Тагъд
рацахуыр сты Ирыстоны æрдзон уавæртыл. Нæ зæрды сæ ис 2000 минмæ схæццæ
кæнын».

Ацы фысты мыггаг зындгонд у йæ фæлмæн
хъуын, йæ рог цармæй, стæй йæ хæрзад дзидзайæ. Раздæр-иу афтæ дзырдтой,
ахæм цармæй цы кæрц хуыд уа, уый тынг рог у, стæй тынг хъарм æмæ фидар.
Абон дæр ма йын йæ уыцы миниуджытæн бæрзонд аргъ кæнынц æппæт дунейы.
Хæрзмыггаг фыстæ ма хицæн кæнынц, тагъд кæй сцæттæ вæййынц ног фæлтæр
дæттынмæ, уымæй.

Сæбанты Тасолтан,фермерон хæдзарад
«Ираф-Агро»-йы директор: «Фысты хъуыддаг хорз цæуы. Фæстаг рæстæг бирæ
æхца схардз кодтам сæ уавæртæ сын фæхуыздæр кæныныл. Ныр сæм зæрдæ нал
æхсайы».

Ныртæккæ хæдзарады фыстæн аразынц ног
бынæттæ. Уыдзысты æппæт æдасдзинады домæнтæй æххæст. «Ираф-Агро»-йы
фыстæ бирæ конкурсты систы фыццæгтæ, сæ хæрзхъæддзинады фæрцы.

Сосранты Жаннæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania