филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:15 воскресенье, 06 октября 2024
14 декабря 2012, 09:30
Дзæуджыхъæуы 3-æм скъолайыл сæххæст 95 азы

Юбиляртæн раарфæ кодтой раздæры рауагъдонтæ æмæ иннæ скъолаты минæвæрттæ. Ахуырадмæ стыр æвæрæн чи бахаста, уыцы ахуыргæнджыты Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Дзантиаты Сергей схорзæхджын кодта кады гæххæттытæй.

Юбиляртæн раарфæ кодтой раздæры рауагъдонтæ æмæ иннæ скъолаты
минæвæрттæ. Ахуырадмæ стыр æвæрæн чи бахаста, уыцы ахуыргæнджыты
Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг

Дзантиаты Сергей схорзæхджын кодта кады гæххæттытæй. 95 азмæ скъолайæн
фæзынд хъæздыг традицитæ. Йæ хъомылгæнинæгты къухы бафтыд стыр
æнтыстдзинæдтæ. Кадджын рауагъдонты хыгъды сты Советон Цæдисы хъæбатыр
Александр Мнацаканов, педагогтæ Томайты Барис æмæ Анатолий Белогуров,
журналисттæ Томайты Адæ æмæ Нелли Бетчер, инæлар-майор Калоты Хасан.
Абон скъолайы ахуыр кæны мин ахуырдзауæй фылдæр.

Бигъуылаты Людмилæ, РЦИ-Аланийы Хицауады администрацийы сæйраг
консультант: «3-æм скъолайы æз кусын райдыдтон институты фæстæ, 80-æм
азты. Кæд абон мæнæй рауад ахуыргæнæг, уæд уый у 3-æм скъолайы куысты
фæрцы. Уымæнæ æмæ дзы ис диссаджы разамонæг Корнева Софья, ис дзы
тыхджын педагогон коллектив. Уыдон сывæллæттæн дæттынц хъæздыг
зонындзинæдтæ. Олимпиадæты 3-æм скъолайы ахуырдзаутæ вæййынц фыццæгты
æмрæнхъ. Тынг бирæ сывæллæттæ йæм цæуы горæты алы кæрæттæй, уымæн æмæ
тыхджын базæ, æмæ уымæ гæсгæ алчидæр архайы, цæмæй йæ сывæллон фæуа 3-æм
скъола».
 

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania