филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:26 суббота, 21 сентября 2024
17 декабря 2012, 09:48
Рахизфарсы районы культурæйы галуаны арæзт æрцыд 4 фæлтæры фембæлд

«Иры Стыр ныхасы» Рахизфарсы районы хайады, ветеранты Советы æмæ сылгоймæгты Советы минæвæрттæ рагæй фæнд кодтой цалдæр фæлтæры æрæмбырд кæнын. Ацы хатт ныхас цыд ирон традицитæ æмæ хъомыладыл. Хицæн ныхас цыд нациты хсæн хæлар ахастдзинæдтыл.

«Иры Стыр ныхасы» Рахизфарсы районы
хайады, ветеранты Советы æмæ сылгоймæгты Советы

минæвæрттæ рагæй фæнд кодтой цалдæр фæлтæры æрæмбырд кæнын. Ацы хатт
ныхас цыд ирон традицитæ æмæ хъомыладыл. Хицæн ныхас цыд нациты хсæн
хæлар ахастдзинæдтыл. Районы лымæнæй цæрынц 40 адæмыхатты. Се хсæн никуы
рацыд нæдæр быцæу, нæдæр хыл. «Уый та банымайæн ис фæзминаг хъуыддагыл»
– зæгъынц хистæртæ. Æмæ семæ разы сты кæстæртæ дæр.

Скъоладзаутæ æмæ студенттæ æмзондæй
рахæцыдысты ирон æгъдæуттæ бахъахъхъæныны фарс. Фæнды сæ, цæмæй нæм нæ
фыдæлтæй цы удварны хæзнатæ баззадысты, уыдон ныры фæлтæр ма фесафой,
фæлæ сæ ахæццæ кæной дарддæр. Уый та аразгæ у сæхицæй.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania