филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:33 воскресенье, 01 февраля 2026
19 декабря 2012, 15:35
Абон кæронмæ æрхæццæ хæрзаудæн марафон

Авд боны фæсивæд æмбырд котой æхца Гæджынаты Янæ, Фидараты Давид, Бекъойты Барис æмæ Хъараты Камиллæйæн баххуыс кæнынæн. Ацы сывæллæттæ сты уæззау рынчын, сдзæбæх кæнæн сæ ис æрмæстдæр фæсарæнты.

Авд боны фæсивæд æмбырд котой æхца Гæджынаты Янæ, Фидараты Давид, Бекъойты Барис æмæ Хъараты Камиллæйæн баххуыс кæнынæн.

Ацы сывæллæттæ сты уæззау рынчын, сдзæбæх кæнæн сæ ис æрмæстдæр фæсарæнты.

Ныр æнæхъæн къуыри республикæйы фæсивæд
иузæрдионæй архайынц стыр æмæ арфæйаг хъуыддагыл – æрæмбырд кæнын
фæрæзтæ, уæззау рынчын сывæллæттæн баххуыс кæнынæн.

Сæлбиты Алан, блогер: «Нæ цæхæрцæст
фæсивæд зæрдæргъæвдæй цалдæр боны, уазалæй дæр нæ тæрсынц, хъызт зымæгæй
дæр нæ тæрсынц, афтæмæй архайынц, цæмæй фæрæзтæ сæмбырд кæной
æххуысхъуаг сывæллæттæн, низæй æфхæрд сывæллæттæн, фæсарæнты æмæ зынаргъ
хостæ кæмæн хъæуы, уый тыххæй зæрдæргъæвдæй архайынц. Абон у уыцы
мадзалæн йæ кæронбæттæн, 6 сахатыл уыцы хъуыддæгтæ фæуыдзысты».

Уæвгæ, хæрзаудæн акци арæзт æрцыд
Гæджынаты Янæйæн баххуыс кæнынæн. 17-аздзыд чызгмæ рабæрæг уæззау низ –
астæуыстæджы инфаркт, æмæ йæ хъæуы немыцаг дохтырты æххуыс. Ныридæгæн
Янæйæн æрæмбырд кодтой 4,5 милуан сомы, немыцаг горæт Мурнауы цæуы
реабилитаци. Баххуыс кæнын бантыст Фидараты Давидæн дæр. Уæззау
операцийы фæстæ уый дæр цæуы реабилитаци. Цæгат Ирыстоны хицауад фæйнæ
милуан сомы радих кодта Гæджынаты Янæйы æмæ Фидараты Давиды сдзæбæх
кæнынæн. Иннæ фæрæзтæ æрæмбырд кодтой хуымæтæг адæм. Уыцы хъуыддаджы
зæрдиагæй архайдтой волонтертæ дæр.

Плиты Алан, волонтер: «Мæнмæ гæсгæ уый
хъæуы аразын, алчидæр хъуамæ кæна, цы йæ бон у, уый – æхцайæ, хъуамæ
æххуыс кæна. Мæнæ ам цы æхца æрæмбырд кæнæм, уыдон хъуамæ баххуыс кæной
уыцы сывæллæттæн, кæмæн сæ æмбырд кæнæм, уыдонæн».

Абон та фæсивæд зæрдæргъæвдæй кæронмæ
ахæццæ кодтой хæрзаудæн марафоны кæронбæттæн мадзал – «Æрæмбырд кæн иу
милуан лыстæг æхцайæ».

Мæнæ ахæм къоппытимæ абон горæты уынгтæм
рацыдысты 300 волонтерæй фылдæр. Сæ сæйраг хæс у æрæмбырд кæнын фæрæзтæ
уæззау рынчын сывæллæттæн æмæ сын баххуыс кæнын. Хæрзаудæн марафон
саразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахсджиаг у алы сом дæр.

Цы фæрæзтæ бантыст æрæмбырд кæнын,
уыдонæй та баххуыс кæндзысты Бекъойты Барисæн æмæ Хъараты Камиллæйæн.
Уыдоны дæр хъæуы фæсарæйнаг дохтырты æххуыс. Волонтертæ куыстой, бирæ
адæм кæм æмбырд кæны, ахæм бынæтты – егъау базарадон комплексты, стæй
ахуыргæнæндæтты цур.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania