Æвзонг театрдзаутæ фендзысты спектакль «Митын барæг». Йæ автор æмæ режиссер у Рæмонты Ритæ. Архайынц дзы театры фæлтæрдджын æмæ æрыгон артисттæ: Хъæцмæзты Лазарь, Скъаты Марат, Айларты Асæхмæт, Æлбегаты Ларисæ, Лацойты Зитæ.
Æвзонг театрдзаутæ фендзысты спектакль
«Митын барæг». Йæ автор æмæ режиссер у Рæмонты
Ритæ. Архайынц дзы театры фæлтæрдджын æмæ æрыгон артисттæ: Хъæцмæзты
Лазарь, Скъаты Марат, Айларты Асæхмæт, Æлбегаты Ларисæ, Лацойты Зитæ.
Спектаклы мидисы æвæрд сты ирон адæмы æгъдæуттæ. Премьерæ уыдзæн 29-æм
декабры. Уымæй уæлдай 25-æм декабрæй 8-æм январмæ сывæллæттæн арæзт
цæудзысты Ног Азы бæрæгбæттæ, ноджы дæр сын æвдисдзысты 2 спектаклы.
Театр ма фæнд кæны республикæйы районтæ бабæрæг кæнын.
Гуыбиаты Хъазыбег, Тæбæхсæуты Балойы
номыл академион театры аивадон разамонæг: «Æппæт Иры дзыллæтæн мæн фæнды
раарфæ кæнын. Ног Азы къæсæрыл лæууæм, æмæ уын мæ зæрдæ зæгъы,
æнæниздзинад, сабырдзинад, æмæ уæ сабитæ амондджын куыд уой, уыцы арфæ
уын Хуыцау ракæнæд. А дыууæ боны райдайдзыстæм сабитæн æвдисын Ног Боны
аргъæуттæ, æмæ уæ хонæм уæ сабитимæ. Табуафси, саккаг кæнут æмæ нæм
æрбацæут».




