24 декабря 2012, 09:38
Дзæуджыхъæуы металлургты галуаны уыд паддзахадон филармонийы симфоникон оркестры концерт
Амыдтой йæ, сæ курдиатæй аивадуарзджыты зæрдæтæм фæндаг чи ссардта, ахæм дыууæ æрыгон дирижеры; Тедеты Хетæг æмæ Æлбегаты Георгий. Хетæг хаст у Уæрсейы курдиатджын сывæллæтты энциклопедимæ, у Ирыстоны æвзонг курдиæтты, æмæ Уæрæсейы культурæйы фонды стипендиант.
Амыдтой йæ, сæ курдиатæй аивадуарзджыты зæрдæтæм фæндаг чи ссардта, ахæм
дыууæ æрыгон
дыууæ æрыгон
дирижеры; Тедеты Хетæг æмæ Æлбегаты Георгий. Хетæг хаст у Уæрсейы
курдиатджын сывæллæтты энциклопедимæ, у Ирыстоны æвзонг курдиæтты, æмæ
Уæрæсейы культурæйы фонды стипендиант. Дыууæйæ дæр сты Цæгат Ирыстоны
сгуыхт архайæг, композитор æмæ дирижер Хосроты Тамерланы
хъомылгæнинæгтæ. Ацы концерт арæзт æрцыд зындгонд Австриаг композитор
Йозеф Гайдны райгуырды 280 азы кадæн. Солисткæ уыд Элла Некрасова,
концертмæ æрбацæуджытæ байхъуыстой, Дзанайты Ольгæ разамынд цы хорæн
дæтты, уымæ дæр.
темæмæ гæсгæ




