95 азы рацыд йæ цардæй куы ахицæн, уæдæй нырмæ. Фембæлды архайдтой республикæйы разамынды, æхсæнадон организациты æмæ дины минæвæрттæ, историктæ. Сыгъдæг Ильяйы аргъуаны кусæг, фыд Георгий сарæзта аргъуыд, уый фæстæ ансамбль «Сударушка» азарыд хъазахъхъæгты гимн.
95 азы рацыд йæ цардæй куы ахицæн, уæдæй
нырмæ. Фембæлды архайдтой республикæйы
разамынды, æхсæнадон организациты æмæ дины минæвæрттæ, историктæ.
Сыгъдæг Ильяйы аргъуаны кусæг, фыд Георгий сарæзта аргъуыд, уый фæстæ
ансамбль «Сударушка» азарыд хъазахъхъæгты гимн. Тымбыл стъолы архайджытæ
дзырдтой, Терчы хъазахъхъæгты историйы Михаил Караулов цавæр бынат
ахсы, уый тыххæй. 39 азмæ йæ къухы чысыл нæ бафтыд. Уыди
Уырыссаг-Япойнаг æмæ фыццаг дунеон хæстыты архайæг, 2-аг æмæ 4-æм
Паддзахадон Думæйы депутат, цалдæр ахсджиаг историон куысты автор. Йæ
хъæбатырдзинады тыххæй хорзæхгонд æрцыд бирæ кадджын хæрзиуджытæй. Цæгат
Ирыстоны архивон службæ бацæттæ кодта равдыст. Стендтыл уыдысты, Михаил
Карауловы цард æмæ æхсæнадон архайдæвдисæг документтæ æмæ хуызистытæ.
Деметы Батраз, Терчы хъазахъхъæгты
æфсады Дзæуджыхъæуккаг хайады подъесаул: «Михаил Караулов уыд Терчы
æфсады атаман. Абоны онг йæ ном сæфт уымæн нæу, æмæ йæ тугæй, йæ хъаруйæ
уыд хъазахъхъаг. Терчы æфсад æй равзæрстой сæ атаманæй. Йæ
хъæбатырдзинады тыххæй йæ нæ рох кæны Терчы æфсад».




