36 скъоладзауы Цæгат Ирыстонæй æрвыст æрцыдысты Мæскуымæ, бæстæйы сæйраг заз бæласы бæрæгбоны архайынмæ.
Уыдон сты фæкæсынхъуаг бинонты сывæллæттæ, хорз чи ахуыр кæны, ахæм ахуырдзаутæ, стæй алфыхуызон конкурсты æмæ олимпиадæты уæлахиздзаутæ.
36 скъоладзауы Цæгат Ирыстонæй æрвыст æрцыдысты Мæскуымæ, бæстæйы сæйраг заз бæласы бæрæгбоны архайынмæ.
Уыдон сты фæкæсынхъуаг бинонты
сывæллæттæ, хорз чи ахуыр кæны, ахæм ахуырдзаутæ, стæй алфыхуызон
конкурсты æмæ олимпиадæты уæлахиздзаутæ. Сæйраг заз бæлас байгом уыдзæн
26 декабры. Сывæллæттæн бацæттæ кодтой цымыдисаг программæ. Æрбахуыдтой
сæ ихын фæзмæ, уыдзæн сын олимпаг чемпионтимæ фембæлд. Цæгат Ирыстонмæ
делегаци æрыздæхдзæн 29-æм декабры.
Кокайты Белæ: «Ахуырады министрад алы
хатт дæр бацæттæ кæны ахæм акци хуыздæр чи ахуыр кæны, уыцы сывæллæттæн,
алы олимпиадæты чи фæархайы, уыдонæн. Бирæ сывæллæтты фæфæнды уырдæм
ацæуын, фæлæ ахæм фадат се ппæтæн нæ рахауы. Мæ чызг фыццаг хатт цæуы
Мæскуымæ заз бæласмæ. Иууылдæр сывæллæттæ тынг æнхъæлмæ кастысты. Абон
ноджы тынгдæр. Дзырдтой: «Кæд уыдзæн 4 сахаты, кæд ацæудзыстæм».




