филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:39 вторник, 16 декабря 2025
24 декабря 2012, 09:56
Дзæуджыхъæуы Æрыдойнаг уынджы 194-æм хæдзары цæрджытæ тыхсынц æнæ хъармæй

Дзæуджыхъæуы Æрыдойнаг уынджы 194-æм хæдзары цæрджытæ та сæ хъаст æрбахастой нæ телеуынынадмæ. Æмæ хумæтæджы нæ. Бирæуæладзыгон хæдзар хæтæлтæй хъарм исы, фæлæ фатертæ сты уазал.

Дзæуджыхъæуы Æрыдойнаг уынджы 194-æм
хæдзары цæрджытæ та сæ хъаст æрбахастой нæ

телеуынынадмæ. Æмæ хумæтæджы нæ. Бирæуæладзыгон хæдзар хæтæлтæй хъарм
исы, фæлæ фатертæ сты уазал. Цалынмæ бæрнон адæм хъуыддаг цæй мидæг ис
уый æвзарынц, уæдмæ уал цæрджытæ сæ уæлæдарæсыл æфтауынц къуымбил
дзаумæттæ.

Дыууæ халаты, телогрейкæ, къуымбил
цъындатæ, худ æмæ хъарм хъæццул. Ацы дзаумæттæ сты Дзæуджыхъæуы
Æрыдойнаг уынджы хæдзары цæрджыты æрвылбоны дарæс. Хъармгæнæн рæстæг куы
райдыдта, уæдæй фæстæмæ дзы агъуыстытæ нæма схъарм сты. Цæмæй сын сæ
уавæртæм æркæсæм, уый тыххæй цæрджытæ сæ хъаст æрбахастой махмæ,
телеуынынадмæ.

Алыккаты Зæирæ, «Хъазт дæр кодтам,
цæрæнуæтты управленимæ дæр дзурæм… æмæ та.., мæнæ райсом, æмæ та мæнæ
абон уæ ныффыстам. Æмæ нæ коммунальны тæ дæр куыд бафиддзыстæм уый зонгæ
дæр нæ кæнын».

Хæдзары ис рынчын адæймаг, кæстæрты та
хъæумæ арвыстой. Цымæ ахæм уавæры кæдмæ цæрæн ис? Хуыздæр уавæры не сты
Томайтæ æмæ Реуазтæ дæр. Сæ хæдзæрттæ хъарм кæнынц электрон пецтæй.

Хъармгæнæн куыстуатæй сæм æрбацæуынц,
фæлæ сæ агъуыстытæ нæ фæхъармдæр вæййынц. Фарон сын цæрæнуæтты
паддзахадон инспекци зæрдæ бавæрдта хъармгæнæны куыст снывыл кæнынæй,
фæлæ дыккаг аз уавæр нæ ивы.

Теместы Тамерлан: «Дзæуджыхъæуы
администрацийы цæрæнкоммуналон хæдзарады комитеты хайады хицауы хæдивæг:
«Афтæ зæгæн нæй, æмæ хъарм нæ цæуы. Æртæккæ сæ сбарстам æмæ равдыстой;
харм ацы хæдзармæ цæуы, фæлæ дзы æвæццæгæн чидæр хивæнд митæ фæкодта,
мæнæ ам кæрты, чысыл хæдзар си, æмæ уымæ дæр бауагътой хъарм, æмæ уый
дæр къуыхцы кæны хъармгæнæты куыст. Физикæйы закъоны ныхмæ цæуæн нæй».

Физикæйы закъон æви адæмы рис, ныртæккæ
ацы дыууæ фарстайы равзарыны тыххæй арæзт æрцыд сæрмагонд къамис. Йæ
уæнгтæ хъуамæ цыбыр рæстæг æрхъуыды кæной ахæм ног системæ. Уый хъуамæ
адæмы ныфс бауадза æмæ сæ боны дарæс се æхсæвхуыссæн иу мауал уа.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania