филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:42 понедельник, 15 декабря 2025
25 декабря 2012, 11:28
Дзæуджыхъæуы 34-æм рæвдауæндоны ног азы уæлдай зæрдиагдæрæй фенхъæлмæ кæсынц сывæллæттæ

Ног азы бæрæгбæттæм уæлдай зæрдиагдæрæй фенхъæлмæ кæсынц сывæллæттæ. Фæбæллынц заз бæласы цур Митын Дада æмæ Митын чызгимæ фембæлынмæ. Дзæуджыхъæуы 34-æм рæвдауæндоны хъомылгæнинæгты бæллиц сæххæст.

Ног азы бæрæгбæттæм уæлдай зæрдиагдæрæй
фенхъæлмæ кæсынц сывæллæттæ. Фæбæллынц заз бæласы цур Митын Дада æмæ
Митын чызгимæ фембæлынмæ.

Дзæуджыхъæуы 34-æм рæвдауæндоны хъомылгæнинæгты бæллиц сæххæст. Уазджытæ
сæ ахуыдтой алæмæты бæстæмæ. Аргъæутты дунейы фембæлдысты сæ уарзон
хъайтартимæ.

Афтæ хъæлдзæгæй, афæдзмæ цы базыдтой,
уый æвдыстой Дзæуджыхъæуы 34-æм рæвдауæндоны хъомылгæнджытæ Митын Дада
æмæ Митын чызгæн. Алкæй дæр сæ фæндыд хуздæр уæвын, алчи дæр сæ бæллыд
кадджын уазджыты зæрдæмæ фæцæуын, æмæ дзы бæрæгбоны лæвар райсын. Ног
азмæ сабитæ уæлдай æхсызгондæрæй фенхъæлмæ кæсынц. Фæуырны сæ аргъæутты
бæстæйæ сæм цы хъайтартæ æрбацыд, уыдон сын сæ бæллицтæ кæй сæххæст
кæндзысты, уый. Ацы рæвдауæндоны ма Ног азы бæрæгбон фæхицæн кæны йæ
ирондзинадæй. Æппæт хъомылгæнджытæ дæр сæ сæйрагдæр хæсыл нымайынц
сывæллæттæн хъазгæйæ бауарзын кæнын мадæлон æвзаг.

Бзарты Людмилæ, Дзæуджыхъæуы 34-æм
рæвдауæндоны хъомылгæнæг: «Алы бæрæгбон аразгæйæ дæр, фылдæр æргом
здахæм ирон æгъдæуттæ, традицитæм».

Æрмæст сабитæн цымыдисаг нæ уыд
бæрæгбон, фæлæ ныййарджытæн дæр. Митын Дада æмæ сын Митын чызг сарæзтой
иумæйаг хъæлдзæг хъæзтытæ. Сывæллæттæй бирæтæ ног хуызы федтой сæ
ныййарджыты. Уæдæ æнæ æмдзæвгæтæм байхъусгæ дæр нæ ацыдысты уазджытæ.

Се ппæты зæрдæмæ тынг фæцыд, зындгонд
кинонывы сæйраг архайæг Джек Воробей сæм кæй æрбацыд, уый. Сывæллæттæн
æхсызгон уыд, æппæрццæг хъайтар кæй нæ разынд, уый. Рæвдауæндоны
кусджытæ хорз кæй бацæттæ кодтой сабиты, уый бæрæг дардта.

Дзотты Зæлинæ, ныййарæг: «Фæнды мæ
раарфæ кæнын хъомылгæнджытæн. Нæ сывæллæттæмæ нын хи сабиты хуызæн
кæсынц, æмæ сын бузныг зæгъын ныййарджыты номæй».

Кафт, хъазт æмæ хъæлдзæг ныхæстæй хъæздыг бæрæгбоны кæронбæттæны йæ архайджытæ хорзæхгонд æрцыдысты Ног азы лæвæрттæй.

Ацы сывæллæттæ Митын Дада æмæ Митын
чызгыл рæвдауæндоны фæстаг хатт æмбæлынц. Иннæ аз сæм æнхъæлмæ кæсдзысты
скъолайы. Бирæ райдзаст æнкъарæнтæ ныууагъта ацы бæрæгбон сывæллæтты
зæрдæты».

Сосранты Жаннæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania