Кæд уазал уыд, уæддæр Сæрибары фæзы адæмæй азмæлæн нæ уыд. Сывæллæттæ, фæсивæд æмæ суанг ацæргæ адæм дæр цин кодтой Ног азы сæйраг символыл. Бæрæгбонмæ алы скъола дæр бацæттæ кодта адджын фынг.
Кæд уазал уыд, уæддæр Сæрибары фæзы
адæмæй азмæлæн нæ уыд. Сывæллæттæ, фæсивæд æмæ
суанг ацæргæ адæм дæр цин кодтой Ног азы сæйраг символыл. Бæрæгбонмæ алы
скъола дæр бацæттæ кодта адджын фынг. Уазджытæн сæ бон саходын уыд
алыхуызон адджинæгтæй.
Хæстæгдæр бонты та Заз бæласы хуызджын
ирд цырæгътæ саив кæндзысты алкæйы хæдзар дæр. Митын дада æмæ митын чызг
сабитæн кодтой Ног азы арфæтæ. Аргъæутты хъайтартæ сын сарæзтой
цымыдисаг бæрæгбон. Уый фæстæ Заз бæласы цур райдыдта концерт. Адæмы
зæрдæтæ бахъæлдзæг кодтой нæ республикæйы эстрадон зарæггæнджытæ.
Кæронбæттæны та арвыл сæрттывта цæхæркалгæ фейерверк.




