Арæзт у сидзæр æмæ фæкæсынхъуаг бинонты сывæллæттæн баххуыс кæныны тыххæй.
Акци цæудзæн дыууæ мин æртындæсæм азы январы онг. Æмæ йæ сæйраг нысан у Дзæуджыхъæуы цæрджыты æмæ социалон организациты ‘ргом сидзæр
Арæзт у сидзæр æмæ фæкæсынхъуаг бинонты сывæллæттæн баххуыс кæныны тыххæй.
Акци цæудзæн дыууæ мин æртындæсæм азы
январы онг. Æмæ йæ сæйраг нысан у Дзæуджыхъæуы цæрджыты æмæ социалон
организациты ‘ргом сидзæр сывæллæтты ахсджиагдæр фарстатæм раздахын.
Фарон ахæм акци саразгæйæ цы æхца æрæмбырд кодтой, уыдонæй дины кусджытæ
клиникон рынчындоны тарнизы хайады сывæллæттæн балхæдтой хуыссæнгæрзтæ.
Баххуыс кодтой сидзæр сывæллæтты хæдзар «Малюткæ» – йæн. Базарадон
центртæй дарддæр сæрмагонд æмбырдгæнæн къоппытæ сæвæрдтой æппæт
аргъуанты дæр. Акци куы фæуа, уæд æххуысхъуаг сывæллæттæн лæвæрттæ
ракæнын уыдзæн алкæйы бон дæр.
Гаглойты Саввæ, Дзæуджыхъæуы æмæ
Махачкалайы епархийы секретарь: «Æрхæццæ кæны стыр чырыстон бæрæгбон
Цыппурс, æрхæццæ кæны Ног Бон. Ацы бæрæгбæтты агъоммæ Дзæуджыхъæуы
епархийы хъæппæрисæй сфæнд кодтам æххуысы акци, æрæмбырд кæнын æхцайы
фæрæзтæ, цæмæй сын скæнæм лæвæрттæ. Нæ мадзал хуыйны «Цыппурсы бæрæгбоны
лæвар». Ацы акцийы фæрцы цы фæрæзтæ æрæмбырд кæнæм, уыдонмæ
бафтаудзыстæм аргъуаны æхца æмæ балхæндзыстæм хъазæнтæ, адджинæгтæ,
хостæ æмæ барæвдауын сабиты».