Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Мамсыраты Таймуразы бардзырдмæ гæсгæ республикæйы хицауады сæрдар Такъоты Сергей сарæзта барадхъахъхъæнæг иудадзыгонд координацион советы æмбырд.
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Мамсыраты Таймуразы бардзырдмæ гæсгæ республикæйы
хицауады сæрдар Такъоты Сергей сарæзта барадхъахъхъæнæг иудадзыгонд координацион советы æмбырд.
Архайдтой дзы тыхы министрадты æмæ
куыстуæтты минæвæрттæ. Ныхас дзы цыд бæлццæттæ ласыны æдасдзинады
фарстатыл, стæй транспортон объекттæ террористон акттæй бахъахъхъæныныл.
Уымæй уæлдай ма стыр æргом здæхт æрцыд хæцæнгарзы æнæзакъон зилдухмæ.
Æмбырды рæстæг куыд снысан кодтой,
афтæмæй Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министрад æмæ федералон æдасдзинады
службæмæ хъæуы курдиат арвитын, цæмæй бюджетон къабазы закъонхæлдтытæ
ма уадзыны тыххæй бакусой æмæ царды рауадзой уæлæмхасæн мадзæлттæ.