филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:37 вторник, 16 декабря 2025
27 декабря 2012, 15:17
Уазал æмæ хъарм донæн нормативтæ нæ республикæйы фæкъаддæр уыдзысты дыууын цыппар проценты

Уый тыххæй абон Парламенты Советы фехъусын кодта цæрæн-коммуналон хæдзарады комитеты сæрдар Гулаты Æхсарбег.

Уый у парламентон комитеты уæнгты æмæ парти «Иугонд Уæрæсе»-йы республикон хайады дыууæазон куысты бæрæггæнæн.

Уый тыххæй абон Парламенты Советы фехъусын кодта цæрæн-коммуналон хæдзарады комитеты сæрдар Гулаты Æхсарбег.

Уый у парламентон комитеты уæнгты æмæ парти «Иугонд Уæрæсе»-йы республикон хайады дыууæазон куысты бæрæггæнæн. Уымæй дарддæр нырæй фæстæмæ æппæт районты дæр нормативтæ уыдзысты иухуызон. Тарифтæ та хæстæгдæр æхсæз мæйы рæздзысты. Депутаттæ ма æрдзырдтой æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр. Зæгъæм, хъæуты цæрæг æрыгон бинонтæн æххуысы тыххæй. Депутаттæ уыцы хъæппæрисимæ сразы сты. Уымæн æмæ ныртæккæ æрыгæттæ сæ цæрæнбынæттæ ивынц горæтмæ. Уæлдай къаддæр кæны хохаг хъæуты цæрджыты нымæц.

Иннæ федералон хъæппæрис баст уыди фæндаггон змæлдимæ. Нырмæ уал домæнтæ не ‘ххæст кæныны тыххæй ивар кодтой æрмæстдæр шофырты. Паддзахадон Думæйы депутаттæ та фæнд кæнынц административон æгъдауæй алы закъонхалæджы дæр æфхæрын.

Хорзыл ма банымадтой иннæ закъоны проект дæр. Уымæ гæсгæ административон æфхæрд æййафдзысты, фонограммæйæ чи пайда кæны, уыцы музыканттæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania