Фæллойы æмæ социалон рæзæты министрады ныридæгæн курсытæ ацыдысты 50 пенсиисæджы. Прогаммæйы руаджы сахуыр сты компьютерæй пайда кæнын. Ныр сæ бон у æнæ искæйы æххуысæй падзахадон лæггæдты порталы регистраци скæнын
Мысыкаты Изетæйы компьютерæй пайда кæнын базонын рагæй фæндыдис. Фæллой æмæ социалон рæзты министрады руаджы йæ бæллиц сæххæст. Иу мæйæ фылдæр архайдта уыцы хъуыддагыл. Æмæ ныридæгæн активонæй пайда кæны компьютерæй. Æнцонæй йæ бон у интернеты фæрцы йæ хиуæттимæ аныхас кæнын дæр.
Мысыкаты Изетæ, пенсиисæг: «Æрмæст мæнæ дæ сывæллæтты кæй фендзынæ, уыд дæр цыдæр аргъу. Мæ чызг Мæскуыйы цæры, дыууæ сывæллоны йын ис, æмæ цыфæнды рæстæг дæр бакæндзынæн, мæ бон у, æмæ йемæ фæныхас кæнын. Телефонæй дæр адзур, фæлæ уæддæр скайпæй хуыздæр у. цæстæй цæстмæ цæ куы фенай дæ хъæбулты, стæй дæ хъæбулы хъæбулты, уæй уый цæййаргъ у. Хæдзарæй æддæмæ нæ рацæудзынæ, афтæмæй дæ хабæрттæ бакæндзынæ, уый дæр стыр хъуыддаг у».
Падзахадон лæггæдты порталы регистраци скæнын, электрон тыхæн, газæн, донæн интернеты бафидын – уыцы хъуыддæгтæ ныридæгæн æнцонæй кæнынц песиисджытæ. Афтæмæй сæ бирæтæ хæрзæрæджы, компьютер куыд скусын кæной, уый дæр нæ зыдтой. Пенсиисджыты компьютерæй пайда кæнын сахуыр кæнын фадат фæцис национ программæ «Бабушка – он-лайн. Дедушка – он-лайн»-ы руаджы. Сахуыр кæнын бантыст 50 адæймаджы.
Цæллаты Виктор, РЦИ-Аланийы фæллойы æмæ социалон рæзты министрады хайадыхицау: «Куы рбацыдысты, уæд дзы бирæтæ нæ зыдтой компьютер цы у, уый. Цалынмæ ахуыр кодтой, уæдмæ базыдтой куыд архайын хъæуы компьютерæй, куы æрвитын хъæуы писмотæ, куыд дзурын хъæуы скайпæй, социалон хызты, уымæн æмæ уыдон сты пайда адæмæн. Асламæд у дзурын сæ хæстæджытимæ. Порталмæ куыд цæугæ у, уый зонынц, æнцон сын уыдзæн, уымæн æмæ интернеты архайын зонынц, сæхи бон у бацæуын, алцыдæр ссарын».
Компьютерон къластæ ис республикæйы æппæт районты дæр. Æдæппæтæй сты 12. Сæ бон дзы ахуыр кæнын у канд пенсиисджытæн нæ, фæлæ ма инвалидтæн дæр. Курсы фæстæ сæ алчидæр райсдзæн диплом.
Фидæны аз ахæм компьютерон кълæстæ байгом уыдзысты Мæздæджы районы, республикæйы ветеранты Советы, стæй инвалидты реабилитацион центры.
Гугкаты Иринæ




