03 января 2013, 11:27
5-æм гимназы фыццагкъласонтæ Ног Азы бæрæгбон сбæрæг кодтой æрдзы хъæбысы
5-æм гимназы фыццагкъласонтæ Ног Азы бæрæгбон сбæрæг кодтой æрдзы хъæбысы. Мадзал арæзт æрцыд Саписткий будкæйы.
Ахæм лæвар скъоладзаутæн скодтой сæ ахуыргæнæг æмæ ныййарджытæ. Скодтой арт, æмæ йæ алыварс зарыдысты.
5-æм гимназы фыццагкъласонтæ Ног Азы бæрæгбон сбæрæг кодтой æрдзы хъæбысы. Мадзал арæзт æрцыд Саписткий будкæйы.
Ахæм лæвар скъоладзаутæн скодтой сæ ахуыргæнæг æмæ ныййарджытæ. Скодтой арт, æмæ йæ алыварс зарыдысты. Уазæгуаты сæм æрбацыдысты Митын Дада æмæ Митын чызг. Сывæллæттæн æмæ ныййарджытæн сарæзтой алыхуызон конкурстæ æмæ хъæзтытæ. Сабитæ сын радзырдтой æмдзæвгæтæ, стæй сæм Ног Азмæ цы бæллицтæ ис, уый. Фæстæдæр та сын Митын Дада æмæ Митын чызг ракодтой лæвæрттæ.
Саулохты Руслан, Дзæуджыхъæуы 5-æм гимназы ахуырдзау: «Æз ардæм æрбацыдтæн ме мбæлттимæ, мæ фыдимæ. Мæнæ нам мæ зæрдæмæ фæцыдис. Мах хъазыдыстæм, уыдысты конкурстæ».
Зазиты Ритæ: «Алцыдæр хорз скодтой ахуыргæнджытæ, сывæллæтты тыххæй сæхи раразмæ кодтой. Алцыдæр хъæлдзæг у. Дзæбæхæй алцыдæр куыд цæуа, уыцы арфæ мæ зæрдæ зæгъы».

темæмæ гæсгæ