09 января 2013, 09:19
Ног азы трамвай рацыд Дзæуджыхъæуы уынгтæм
Ахæм лæвар горæты цæрджытæн скодта куыстуат «Владэлектротранс».
Вагон срæсугъд кодтой Ног азы символтæй, йæ фæрстыл – Митын Дада æмæ Митын чызджы нывтæ стæй арфæйы фыстытæ. Адæм цымыдисæй кастысты трамваймæ. Ахæм лæвар сæ зæрдæмæ фæцыд. Трамвай алы бон дæр фæцæуы алыхуызон маршрутыл. Акци ахæсдзæн зæронд Ног азмæ.
Кацанты Николай, Дзæуджыхъæуы цæрæг: «Тынг рæсугъд вагон у. Ацы вагоны гуырæнбон бæрæг кæнæн дæр ис. Йæ цæрæнбон бирæ, ай чи æрхъуыды кодта, уымæн».
Боллоты Виктор, куыстуат «Владэлектротранс»-ы трамвайон депойы хицау: «Барæвдз кодтам ацы вагон. Горæты цæрджытæ йыл цæмæй цин кæной, цæуой йыл. Хуыцау ахæм арфæ ракæнæд, æмæ цины хъуыддæгтæм куыд ласа ацы трамвай».
темæмæ гæсгæ




