филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:18 вторник, 16 декабря 2025
09 января 2013, 09:53
Ног азы лæвæрттæ хæдзар–интернат «Ласкæ»-йы хъомылгæнинæгтæн

Уæрæсейы Федералон æдасдзинады Цæцæны арæнхъахъхъæнæн управленийы службæгæнджытæ Ног азы æмæ Цыппурсы бæрæгбоны лæвæрттæ ракодтой сæ дæлбар сидзæр æмæ инвалид сывæллæтты хæдзар–интернат «Ласкæ»- йы хъомылгæнинæгтæн.

Уæрæсейы Федералон æдасдзинады Цæцæны арæнхъахъхъæнæн управленийы службæгæнджытæ Ног азы æмæ Цыппурсы бæрæгбоны лæвæрттæ ракодтой сæ дæлбар сидзæр æмæ инвалид сывæллæтты хæдзар–интернат «Ласкæ»- йы хъомылгæнинæгтæн. Ахæм фæтк ныффидар 2007-æм азы æмæ уæдæй фæстæмæ æфсæддонтæ афæдз дыууæ хатты бабæрæг кæнынц сидзæр сывæллæтты хæдзар «Ласка».

Сывæллæттæй чи не ууæнды Митын Дадайыл, чи йын не æнхъæлмæ кæсы йæ Ног азы лæвæрттæм. Сидзæр сывæллæтты хæдзар-интернат «Ласка»-йы хъомылгæнинæгтæ та Митын Дадаимæ фенхъæлмæ кæсынц, Цæцæны республикæйы арæнты чи службæ кæны, уыцы хæрзгæнджытæм.

Сергей Квачев, Федералон æдасдзинады Цæцæны республикæйы арæнхъахъхъæнæн управленийы хицауы хæдивæг: «2007-æм азæй мах бадзырд бафыстам æмæ уæдæй алы бæрæгбон дæр вæййæм семæ. Рагацау базонæм, цы хъуаг сты, уый æмæ сын скæнæм лæвæрттæ. Ацы хæрзаудæн акцийы архайынц нæ хайады кусджытæ се ппæт дæр. Сывæллæттæ та нын саразынц концерт».

Зарджытæ, æмдзæвгæтæ, кæфтытæ æмæ конкурстæ… Ахæм хъæлдзæг фембæлд арæзт æрцыд Цыппурсы агъоммæ. Уæдæ цавæр бæрæгбон фидауы æнæ лæвæрттæй? 3 телевизоры, компьютерон хъазт æмæ æнæнхъæлæджы лæвар – немыцаг куыдз «Аргун». Сидзæр сывæллæттæн сси се *рдхорд. «Æнкъард кæнын æй нæ бауадздзысты», загътой хъомылгæнджытæ. Цалдæр азмæ Баситы Зауыр Цæцæны республикæйы арæнхъахъæнджытæн сси сæ хуыздæр æрдхæрдтæй иу. Æмæ сын зæгъы стыр бузныг.

Баситы Заур: «Стыр бузныг сын сæ уарзондзинады тыххæй, кæй ныл узæлынц, кæй нын сæвæрдтой рудзгуытæ, кæй нын балæвар кодтой бассейн, куыдз. Бузнынг сын, сæ уды хъарм нын кæй лæвар кæнынц, уый тыххæй дæр æмæ нæ кæй нæ рох кæнынц».

Габысаты Ларисæ, Сидзæр сывæллæтты хæдзар «Ласка»- йы хъомылгæнæг: «Бирæ азты нæм цæуынц æмæ нын нæ сывæллæтты барæвдауынц æмæ та нын ныртæккæ дæр ног азы лæвæрттæ скодтой. Нæ сывæллæтты зæрдæ нын балхæдтой æмæ сын нæ зæрдæ зæгъы Ног аз сын ног хæрзтæ куыд æрхæсса, уый».

Ацы сывæллæттæ кæд бынтон æнæниз не сты, уæддæр сæ курдиат у бирæвæрсыг. Кафын æмæ зарынæй дарддæр ма сты хæдахуыр артисттæ. Ацы фембæлдмæ сывæллæттæ бацæттæ кодтой Митын Ус-паддзахæй скъуыддзаг.

Габысаты Ларисæ, Сидзæр сывæллæтты хæдзар «Ласка»-йы хъомылгæнæг: «Фæнды сæ, сæ зæрдæ райы. Уарзынц зарын, кафын. Æххуыс сын кæны Наталья Георгиевна æмæ тынг зæрдиагæй уазджытæн сæ зонындзинæдтæ равдисынц».

Цалынмæ сывæллæттæ сæ рольтæ хъазыдысты, уæдмæ сæм æнцад хъуыста сæ ног хæлар «Аргун», баууæндыдис сын сæ æнæхин миддунейыл, æмæ Заз бæласы бын æнæмæтæй бафынæй.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania