филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:40 среда, 17 декабря 2025
09 января 2013, 14:57
Фыййагдоны моладзандоны сбæрæг кодтой сæйраг чырыстон бæрæгбон – Цыппурс

Фыййагдоны моладзандоны сбæрæг кодтой сæйраг чырыстон бæрæгбон – Цыппурс. Сæрмагонд аргъуыдмæ нæлгоймæгты алайнаг моладзандонмæ адæм æрбацыдысты республикæйы алы районтæй. Куыд зæгъынц, афтæмæй уыцы ран уæлдай банкъарынц Хуыцауы æххуыс.

Фыййагдоны моладзандоны сбæрæг кодтой сæйраг чырыстон бæрæгбон – Цыппурс. Сæрмагонд аргъуыдмæ нæлгоймæгты алайнаг моладзандонмæ адæм æрбацыдысты республикæйы алы районтæй. Куыд зæгъынц, афтæмæй уыцы ран уæлдай банкъарынц Хуыцауы æххуыс.

Сæрмагонд аргъуыд нæма райдыдта, афтæмæй нæлгоймæгты Алайнаг моладзандоны адæмæй къух бакæнæн нæ уыд. Дзæрæхохты Владиславæн Цыппурс у дывæр бæрæгбон. Фæбæрæг ма кæны йæ гуырæнбон дæр. Алы хатт дæр ацы бон æрбацæуы Фыййагдонмæ.

Дзæрæхохты Владислав: «Ацы аргъуаны нæ фыдæлтæ дæр куывдтой, мах дæр кувæм. Фыдбылызæй цух, амондæй тыхджын куыд уæм. Ацы уæззау рæстæг адæймаг куыд нæ фесæфа, фæлæ йæ бынат куыд ссара царды фæндагыл, уымæ кувæм».

Аргъуан кæронмæ арæзт нæма у, фæлæ дзы уæддæр æдзухдæр æрæмбырд вæййы бирæ адæм. Дзæуджыхъæу, Алагир, Æрыдон – Хуыцаумæ скувынмæ моладзандонмæ фæцæуынц республикæйы алы къуымтæй.

Дзугкойты Стефан, нæлгоймæгты Алайнаг моладзандоны кусæг: «Чырыстон адæм цин кæнынц, зæхмæ æрцыдис Хуыцауы фырт. Раст æй чи æмбары, уый зæрдæйæ цин кæны ахæм стыр бæрæгбоныл».

2 мин азæй фылдæр рацыд Чырыстийы райгуырдыл. Уæдæй фæстæмæ æппæт дунейы уырнæг адæм бæрæг кæнынц чырыстон дины сæйрагдæр бæрæгбæттæй иу – Цыппурс. Службæйы фæстæ адæм уайтагъд нæ ацæуынц моладзандонæй. Чидæр ссудзы мыдадзын цырæгътæ, чидæр ма иу хатт скувы Хуыцаумæ. Ацы бонты фæкурынц æнæниздзинад æмæ сабырдзинад.

Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania