филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:39 среда, 17 декабря 2025
09 января 2013, 15:23
Беслæны теракты амæттаг чи бацис, уыдоны номарæн турнир баскетболæй арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны

Хуыздæрты ном райсыныл тох кодтой 8 командæйы Цæгат Кавказы æмæ Хуссар федералон зылдтæй.

Турниры райдианы се ппæт дæр иу минут æдзæмæй алæууыдысты. «Альфа» æмæ «Вымпел»-ы æфсæддонты къамты раз сыгъдысты мыдадзын цырæгътæ.

Хуыздæрты ном райсыныл тох кодтой 8 командæйы Цæгат Кавказы æмæ Хуссар федералон зылдтæй.

Турниры райдианы се ппæт дæр иу минут æдзæмæй алæууыдысты. «Альфа» æмæ «Вымпел»-ы æфсæддонты къамты раз сыгъдысты мыдадзын цырæгътæ. Ерысты архайдтой Беслæны бынæттон администрацийы кусджытæ, республикæйы æхсæнадон организациты минæвæрттæ, сфæлдыстадон къордтæ. Турнир цыдис 4 боны. Йæ хатдзæгтæм гæсгæ фыццæгтæ систы цæгатирыстойнаг баскетболисттæ, дыккаг бынат бацахста Волгорады командæ, æртыккаг та – Черкесскы спортсментæ.

Туаты Зауырбег, зарæггæнджыты къорд «Балц»-ы минæвар: «Ирон адæмыл æрцыд уæззау хабар 2004-æм азы. Уымæн рох кæнын нæй. Хъуамæ йæ зоной рæзгæ фæлтæр. Æрцыдысты нæм иннæ регионтæй, нæхи республикæйы фæсивæд. Уымæн ис хъомыладон нысаниуæг».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania