10 января 2013, 09:15
Цыппурсы бонты Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд бирæ хæрзаудæн акцитæ
Æдасдзинады федералон службæйы арæнхъахъхъæнджыты цæгатирыстойнаг управленийы кусджытæ лæвæрттимæ
Æдасдзинады федералон службæйы арæнхъахъхъæнджыты цæгатирыстойнаг управленийы кусджытæ лæвæрттимæ бабæрæг кодтой сылгоймæгты Алайнаг моладзандоны цур реабилитацион центр. Ам ис, Беслæны 1-æм скъолайы амынæты чи бахауд, æмæ Хуссар Ирыстоны хæстон цаутæн æвдисæн чи уыд, ахæм сабитæ. Хъæлдзæгдзинад сын æвдадзы хосау у. Бирæтæ дзы центры фыццаг хатт нæ уыдысты. Уымæ гæсгæ уазджытыл сæмбæлдысты сæ рагон хæлæрттау. Арæнхъахъхъæнджытæ сывæллæтты ахуыдтой Цыппурсы диссæгты аргъаумæ.
Фидараты Фатимæ: «Мæнæн мæ зæрдæмæ тынг фæцыди нæ аргъау. Худæг уыдысты пираттæ. Митын Дадаимæ куыд хъазыдыстæм, уый дæр тынг хъæлдзæг уыди».
темæмæ гæсгæ