филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:02 суббота, 16 ноября 2024
10 января 2013, 15:18
Хæдзары кæмæй пайда кæнынц, ахæм газы срæмыгъдтæ ацы аз Уæрæсейы уыдис æртæ

Æвирхъау цауты фæмард 2 адæймаджы, æртæйæ фесты алыхуызон цæфтæ. Фылдæр хатт ахæм цауты аххосджын вæййынц цæрджытæ сæхæдæг, æдасдзинады домæнтæ куыд æмбæлы, афтæ кæй не ххæст кæнынц, уымæ гæсгæ.

Æвирхъау цауты фæмард 2 адæймаджы, æртæйæ фесты алыхуызон цæфтæ. Фылдæр хатт ахæм цауты аххосджын вæййынц цæрджытæ сæхæдæг, æдасдзинады домæнтæ куыд æмбæлы, афтæ кæй не ххæст кæнынц, уымæ гæсгæ.

Газы колонкæйы куыст фæкъуылымпы, фатер цалцæггонд куы æрцыд, уый фæстæ, дзуры Василий Михалев. Ветеран æй йæхæдæг фæлвæрдта сраст кæнын, фæлæ йæ къухы нæ бафтыд. Уæд курдиат балæвæрдта газы службæмæ.

Василий Михалев: «Æрбацыдысты нæм, цы фарста нæ тыхсын кæны, уый фæдыл. Ныртæккæ архайынц къуылымпыдзинæдтæ аиуварс кæныныл. Тынг райгонд стæм, сæ хъус нæм кæй æрдардтой, уымæй».

Ахæм курдиæттæм гæсгæ специалисттæ кусынц æдзухдæр. Иу бонмæ хæдзæртты службæйы телефонмæ æрбадзуры дæсгай адæймæгтæ. Ам, фыццаджыдæр, æххæст кæнынц, адæймаджы царды æдасдзинадæн тæссаг кæм у, уыцы курдиаттæ.

Хетъеты Мæдинæ, оператор: «Кусджытæн курдиаттæ райсæм æмæ сын сæ райсомæй байуарæм, æмæ сæ сцалцæг кæнынц. Бонмæ нæм вæййы 15-30 курдиатмæ хæстæг».

Куыстуат «Газпром газораспределение Владикавказ»-мæ Цæгат Ирыстоны хауы 200 мин абонентæй фылдæр. Закъонмæ гæсгæ сæ алкæимæ дæр хъуамæ уа бадзырд техникон лæггад кæныны тыххæй. Уымæ гæсгæ хъуамæ афæдз иу хатт бæлвырдгонд цæуа газы кусæнгæрзты уавæр. Фæлæ арæх цæрджытæ специалистты сæ хæдзæрттæм нæ фæуадзынц. Куыстаты куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй ахæм уавæры сæ бон у абоненттæн сæ газ ахуыссын кæнын. Уымæн æмæ адæм æдасдзинады домæнтæм фаг сæ цæст нæ дарынц, æмæ уый аххосæй æрцæуынц æвирхъау цаутæ.

Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania