филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:03 четверг, 02 апреля 2026
14 января 2013, 09:19
Дзæуджыхъæу нымад æрцыд хуыздæр культурон горæтыл

Фарон горæты администраци балæвæрдта курдиат æппæтуæрæсеон конкурс «Мæ горæт æмæ регион сты хуыздæр»-ы архайынмæ.

Фарон горæты администраци балæвæрдта курдиат æппæтуæрæсеон конкурс «Мæ горæт æмæ регион сты хуыздæр»-ы архайынмæ. Равдыста дзы проект «Дзæуджыхъæу – Уæрæсейы Хуссар хайы сæйраг культурон сахар».

Йæ нысан у Дзæуджыхъæуы культурон æмæ туристон инфраструктурæйы райрæзт.

Быгъуылты Дзæуæджы æмæ Михаил Булгаковы цыртдзæвæнтæ, «Нардисттæ». Фæстаг азты горæты фæзынд архитектурæйы чысыл цымыдисаг объекттæ. Цæрджыты зæрдæмæ тынг цæуынц.

Культурæйы райрæзты ахсджиаг бынат ахсы чиныг. Фæлæ, ног дуджы технологиты фæсивæды ргом чиныгмæ раздахын æнцон нæу, зæгъынц библиотекæты кусджытæ. Уавæр аивыныл архайынц. Фондтæ æдзухдæр хъæздыг кæнынц цымыдисаг рауагъдадтæй. Абон горæты библиотекæты фылдæр хай æххæст сты компьютертæй. Æдзух аразынц алыхуызон культурон мадзæлттæ дæр.

Дзугаты-Мурасты Риммæ, горæты сæйраг библитекæйы бæстæзонæн хайады сæргълæууæг: «Æрвылмæй мах аразæм литературон фембæлдтытæ культурæйы кусджытимæ, наукæйы кусджытимæ, нæ интеллигенцийымæ. Аразæм мысæн изæртæ. Чиныгкæсæгæн уый пайда у, уымæн æмæ уыдонс сты удыгас дæнцæгтæ, фæзминаг дæнцæгтæ. Уыдоны хорздзинæдтæм кæсгæйæ æрыгон чиныгкæсæг размæ тырны».

Фарон горæты администраци балæвæрдта курдиат æппæтуæрæсеон конкурс «Мæ горæт æмæ регион сты хуыздæр»-ы архайынмæ. Равдыста дзы проект «Дзæуджыхъæу – Уæрæсейы Хуссар хайы сæйраг культурон сахар». Программæ нымад æрцыд хуыздæрыл.

Томайты Хъазыбег, Дзæуджыхъæуы администрацийы экономикæйы управленийы хицау: «Ивгъуыд азы кæрон мах базыдтам æхсызгон хабар, нæ горæт фæуæлахиз уæрæсейаг конкурсы «Мæ горæт æмæ регион хуыздæр». Мах рамбылдтам номинацийы «Культурная столица». Мах фæнды, цæмæй нæ горæт хъуыстгонд уа Уæрæсейы, цæмæй хъуыса не нтыстдзинæдтæй, нæ рæсугъд хъуыддæгтæй. Мах ууыл архайæм».

Проект арæзт у 3 хайæ. Фыццаг къæпхæн у – горæт базонæн цæмæй ис, ахам нысан скæнын. Уый уыдзæн сывæллæтты æппæтадæмон хореографион фестиваль «Хæлардзинады кафт». Дыккаг къæпхæнмæ хауынц, горæты æрвылаз чи фæцæуы, ахæм цаутæ. Зæгъæм, аивæдты фестиваль «Уазæгуаты Гергиты Ларисæмæ», дзæуджыхъæуккаг экономикон форум æмæ æндæртæ.

Дзæуджыхъæуы ахсджиагдæр культурон цаутæй иу у – æрвылазон симпозиум «Аланикæ». Цыдис ныр 6 хатты. Форумы руаджы республикæйы цæрджытæ базонгæ вæййынц нырыккон аивады ирддæр минæвæрттимæ. Уыимæ ма фестивалы фæстæ хуыздæр куыстытæ саив кæнынц горæты уынгтæ æмæ фæлладуадзæн бынæттæ.

Æртыккаг къæпхæн баст у Дзæуджыхъæуы культурон æмæ туристон инфраструктурæйы райрæзтимæ. Хауынц æм музейты æмæ Сабырдзинады проспекты рацарæзт. Сæрмагонд бынат ахсы проект «Лысая гора». Уый уыдзæн спортивон, туристон æмæ ирхæфсæн парк канатон фæндагимæ æмæ алыхуызон аттракционтимæ. Фæлладуадзæн фæз æнæмæнг суыдзæн Дзæуджыхъæуы цæрджыты æмæ уазджыты уарзондæр бынæттæй иу.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania